Хур арты куы басыгъд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Хур арты куы басыгъд
Хъусут аудиочиныг "Хур арты куы басыгъд"-мæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

8. Уанел – Ручъы фæндаджы арæзтад. Фугæджыны фæстаг бонтæ

8. Уанел – Ручъы фæндаджы арæзтад. Фугæджыны фæстаг бонтæ.
Рафыссын
Ручъы фæндагыл Рутены къухдариуæгадæй хъæлдзæгæй куыста фондзсæдæйы бæрц кусæджы. Дзауы та æртымбыл сты гуырдзиаг милицæйы къордтæй. Гуырдзыйы хицауады минæвæрттæ – Ной Рамишвили æмæ Филипп Махарадзе – Дзаумæ ныхас кæнынмæ æрцыдысты. Се ᾿цæг нысаниуæг уыдис ирон Националон Советы уæнгты фæтæрсын кæнын, цæмæй сæ куыст æруромой. Сæ раныхасы фæстæ Рутен дæр загъта йæ ныхас æмæ гуырдзиаг хицауады сæрдар Ной Рамишвилийы зæрдæ æрлæгъз ис. Санахъоты Матейæн дæр куыд йæ бон уыди, афтæ, хъарм мидбылхудт æвдыста. Афæндараст кодтой гуырдзиаг хицауады минæвæртты æмæ фæстæмæ раздæхтысты. Иры Националон советы минæвæрттæ бауынаффæ кодтой ног уæнгты сæвзарын. Рæстæг хъуыдис аивазын, цæмæй фæндаджы арæзтад кæронмæ æхæццæ кæной – тъунелы арæзтад нырма разæй уыд…
Фугæджыны Арон, йæ хæдзары фынгыл бадгæйæ йæ вазыгджын фæдисы фыстæг фыст фæцис. Æддейæ йæ бынаты ᾿рбадт æмæ бады, расыг Михомæ кæсгæ. Уый йын радзырдта инæлар Валикъло Джугели бардзырд кæй радта инженер Рутены ссарын æмæ йын йæ картæ байсын. Бамбæрста Арон, кæуылты сау фыдбылызхæссæг хъуыддагыл хæст у гуырдзиаг хицауад æмæ йæ зæрдæ фæрыст йæ бон кæй ницы у уыцы сау хъуыдыхæсджытæн саразын.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Бежанты Æхсары чиныг "Хур арты куы басыгъд".
Ног хабӕртты лентӕ
0