Хуссар Иры экологтӕ фидар кӕнынц хихджын талаты заказ

© 2021 В пчёлкиной странеСыбыраг кедр
Сыбыраг кедр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 авг – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны экологион организаци "Зелёная Алания" фидар кӕны ног заказ сыфнӕзы, кедр, цуй ӕмӕ быргӕ нӕзы талатӕй. Бынтӕ хъавынц райсын уӕрӕсейӕг коллегатӕй проект "Кедры России"-йӕ. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта организацийы раздзог Габаты Зӕлинӕ.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уымӕй размӕ хъӕуы саразын хыгъд ивгъуыд аз цы тала райстой, уыдон куыд схӕцыдысты, уый фӕдыл.
Ивгъуыд аз сыфнӕзы лӕвӕрд ӕрцыд Хъӕдын хӕдзарадӕн, кедртӕ радтой Знауыры районы Балтайы ӕвӕрд бынатӕн, сӕ иу хай сагъд ӕрцыд экопаркы, талатӕ радтой уагдӕттӕ ӕмӕ адӕмӕн дӕр.
"Ацы аз нын ратдзысты къаддӕр. Фӕстӕмӕ та заказ кӕнӕм кедры цалдӕр хуызы, сыфнӕзы ӕмӕ цъуй", - загъта Габаты Залинӕ.
"Цъуй ратдзыстӕм хӕрзарӕзтады комбинатӕн. Уый у рӕсугъд бӕлас, хӕссы тыллӕг. Цхинвалы ис цъуйджын уынг. Быргӕ нӕзы рӕзы ӕрмӕст уазал климаты, уымӕ гӕсгӕ сын сӕ талатӕ бакӕндзыстӕм студентон клуб "Аполлон"- ы бӕрны, цӕмӕй сӕ бӕрзонд бынӕтты ныссадзой", - бафтыдта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0