Хуссар Иры генпрокуратурӕ радзырдта президентӕн къуырийы дӕргъы басгӕрстты тыххӕй

© Sputnik / Мария СанакоеваПрезидент Гаглойты Аланы ӕмбырд республикӕйы тыхон структурӕты къухдариуӕггӕнджытимӕ
Президент Гаглойты Аланы ӕмбырд республикӕйы тыхон структурӕты къухдариуӕггӕнджытимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 авг – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурӕмӕ бацыд куырдиат фӕлывдмийы тыххӕй парламенты депутат Габатты Аланы фӕдыл. Уый тыххӕй фехъусын кодта генпрокуроры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Битеты Сергей президент Гаглойты Аланы ӕмбырды республикӕйы тыхон структурӕты къухдариуӕггӕнджытимӕ.
Битеты Сергейы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый ныр у цыппӕрӕм куырдиат депутаты ныхмӕ.
"Габатты Алан хъавыд ауӕй кӕнын фатер столицӕйы микрорайон "Царз"-ы. 700 мин соммӕ ӕввахс ын радтой йӕ къухтӕм. Уый ӕхца нырма дӕр нӕ раздӕхта", - фехъусын кодта генпрокуроры х.ӕ.
Битеты Сергей ма банысан кодта, зӕгъгӕ, ивгуыд къуыри республикӕйы не рцыд ахӕм фыдракӕндтӕ, кӕцытӕ хауынц Генпрокуратурӕйы компетенцимӕ.
"Мах уадзӕм слестагъоммӕ басгӕрст унитарон кустуат "Водокал"-ы ӕрмӕджыты фӕдыл, кӕцытӕ нӕм ӕрбадӕтта республикӕйы контролон-нымайӕн палатӕ", - радзырдта уый.
 Цхинвалы районы администраци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.08.2022
Президент Гаглойты Алан бахӕс кодта ауадзын ревизи Цхинвалы районы администрацийы архайдӕн
Афтӕ ма генпрокуроры х.ӕ. фехъусын кодта, уӕрӕсейаг федералон казначейады акты фӕдыл дарддӕр кӕй цӕуынц басгӕрстон мадзӕлттӕ.
Паддзахадон унитарон куыстуат "Дорекспострой"-ы фӕдыл ӕрмӕджытӕ уагдонмӕ нырма нӕ бахӕццӕ сты - уыдон барвитдзысты ног къуыри.
Уымӕй дарддӕр ма Генпрокуратурӕ ауадздзӕн арӕзтадон экспертизӕ Хуыбылты Валерийы номыл горӕты парчы.
Ног хабӕртты лентӕ
0