Хуссар Иры журналисттæ фыццаг хатт уыдысты æппæтуæрæсейон фестиваль "Голос Евразии"-йы

© РИА Дагестан æппæтуæрæсейон фестиваль "Голос Евразии"-йы
æппæтуæрæсейон фестиваль Голос Евразии-йы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ , 29 авг – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны журналисттæ ссисты æппæтуæрæсейон фестиваль "Голос Евразии"-йы хайадисджытæ, кæцы цыд Дагестаны. Хуссарирыстойнаг делегацийы минæвар Кокойты Анжела куыд радзырдта, афтæмæй форум сорганизаци кодтой зонадон-хосгæнæн комплекс "Журавли"-йы базæйыл Махачкалайы.
"Форумы æртæбонон программæ уыд хъæздыг: мастер-класстæ, конкурстæ æмæ экспурситæ, афтæ ма нын равдыстой бынæттон къæбиц дæр. Нæ республикæ фыццаг хатт хайад райста егъау медиа-проектыл, кæцы сорганизаци кодта телеканал "Дагестан"-ы филиал. Нæ делегацийы сконды уыд цыппар адæймаджы – дыууæ уацхæссæджы телеуынынадæй æмæ дыууæ та радиойæ", - банысан кодта Кокойты Анжела.
© РИА Дагестан æппæтуæрæсейон фестиваль "Голос Евразии"-йы
Всероссийский фестиваль национального вещания Голос Евразии в Дагестане  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.08.2022
æппæтуæрæсейон фестиваль "Голос Евразии"-йы
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фестивалы сæйраг нысан у – Уæрæсе æмæ Ирыстоны иумæйаг культурон хæзнаты пропагандæ.
"Фыццаг бон уæрæсейаг коллегæтæ æвдыстой махæн сæ фæлтæрддзинад. Аннæ дыууæ боны программæмæ гæсгæ махæн уыдысты экскурситæ. Мах уыдыстæм Дербенты фидар Нарын-Калайы. Уыдыстæм нырыккон туристон комплекс "Главрыба"-йы дæр. Нæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты Сулакы комы рæссугъддзинæдтæ дæр", - банысан кодта журналист.
Кокойты Анжела бузныг загъта ацы проекты организатортæн, афтæ ма ПТРК "Ир"-ы къухдариуæгадæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0