Ленингоры Ерыстау ӕлдӕртты музей хъӕуы среставраци кӕнын

© Sputnik / Фатима ПлиеваЛенингоры музей
Ленингоры музей - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 авг – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы уӕвӕг Ерыстау ӕлдӕртты хъӕдзар - Хуссар Ирыстоны историон бӕстӕзонӕн музей хъӕуы среставраци кӕнын. Музейы фӕсчъылдым цы мӕсыг ис, уымӕн тӕссаг у ӕркӕлынӕй, бацаразинаг сты ӕмбонд ӕмӕ бахизӕны мӕсыг дӕр. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта музейы директор Чертхъоты Зӕлинӕ.
Ленингоры музейы уавӕры тыххӕй йӕ разамынад базонгӕ кодта культурӕйы министрады дӕр - объект ивгъуыд азӕй фӕстӕмӕ ис йӕ дӕлбар. Уый фӕстӕ музей бабӕрӕг кодта хицауады делегацийы премьер Джуссойты Константины сӕргълӕудӕй.
"Сӕйрӕг нын ныртӕккӕ у цырты уавӕр. Музейы фӕсчъылдым цы мӕсыг ис уый ӕвӕстиатӕй хъӕуы реставраци кӕнын. Хъусдард аздахын хъӕуы бахизӕны мӕсыг ӕмӕ ӕмбондмӕ дӕр", - загъта музейы директор.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фарст ныртӕккӕ скъуыддзаг цӕуы. Проблемӕтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, Ленингоры музей уазджытӕй цух нӕу.
"Сезон райсӕм 1800-2000 уазӕджы. Бон нӕм вӕййы аст экскурсийы бӕрц. Пандемийы агъоммӕ бӕлццӕттӕ цыдысты фӕсарӕнтӕй дӕр, уӕд ноджы фылдӕр адӕм истам", - бафтыдта Чертхъоты Зӕлинӕ.
Ерыстау æлдæртты музей историон бæлвырдгæнæнтæм гæсгæ арæзт æрцыд XVI- XVII æнусты. Дурæй амад бæрзонд дыууæуæладзыгон бæстыхай бахъахъхъæдта йæ рагон æддаг бакаст. Фыццаг уæладзыгыл уæвæг музейон экспонатты хсæн ис уазнывтæ, рагон хæдзарон дарæс æмæ мигæнæнтӕ — æлыгæй конд мардычырын уæздæттӕн, куырой, къоходзитæ, алыгъуызон сырдты цӕрмттæй конд бæрцуаттæ, дурынтæ, хъуыраутæ, рагон кувæндæтты кæлæнтæ æмæ æндæр цымыдисон æрмæг. Дыккаг уæладзыгыл рагзаманы æрмдзæф къаддæр зыны, ам та фылдӕрбӕрцӕй ис нывгæнджыты рагон куыстытæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0