Уæрæсейы æфсад сæрмагонд операцийы райдайæнæй скуынæг кодта 276 украинæйаг хæдтæхæджы

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейы æфсад сæрмагонд операцийы райдайæнæй скуынæг кодта 276 украинæйаг хæдтæхæджы
Уæрæсейы æфсад сæрмагонд операцийы райдайæнæй скуынæг кодта 276 украинæйаг хæдтæхæджы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 авг – Sputnik. Украинæйы сæрмагонд операцийы рæстæджы скуынæг кодтой знаджы 276 хæдтæхæджы. Уый тыххæй дзырдæуы УФ Хъахъхъæнынады министрады хъусинаджы.
"Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 276 хӕдтӕхӕджы, 148 вертолеты, 1832 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 370 зенитон ракетон комплексы", - дзырдæуы документы.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, ма скуынæг кодтой танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 4408 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 822 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3354 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 5126 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0