Уæрæсейы скъолаты нæ хъæуы бакæнын арæнæвæрдтæ коронавирусы тыххæй – Роспотребнадзор

© Depositphotos.com / ArturVerkhovetskiyСкъола
Скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 авг – Sputnik. Скъолаты арæнæвæрдон мадзæлттæ сног кæнын нырма нæ хъæуы, фехъусын кодта Роспотребнадзоры пресс-службæ.
"Ныры периоды 2022-2023 азты эпидсезонмæ нырма нæ хъæуы сног кæнын арæнæвæрдон мадзæлттæ коронавирусы апарахат ма руадзыны нысанæн", - дзырдæуы хъусинаджы.
Оперативон штабы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Уæрæсейы сбæрæг кодтой 47 мин ног рынчыны коронавирусæй иу суткæмæ, 80 адæймагæй фылдæр амардысты.
Ног хабӕртты лентӕ
0