Барады сӕйрагдӕр цӕгтӕй иу - президент раарфӕ кодта РХИ Тӕрхондонон пъырыстыфты службӕйӕн

© Sputnik / Андрей Варенков /  Ахизын медиабанкмæТӕрхондонон пъырыстыфтӕ
Тӕрхондонон пъырыстыфтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта республикӕйы Тӕрхондонон пъырыстыфты службӕйы кусджытӕ ӕмӕ ветерантӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны фӕдыл, хъусын кӕны дыццӕджы бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Уый бахахх кодта, зӕгъгӕ, ӕхсардзинад, лӕгдзинад, быхсынад ӕмӕ нысанмӕздӕхтдзинад сты тӕрхондонон пъырыстыфты ӕнтыстджын архайды бындур ӕмӕ сын загъта бузныг сӕ цӕсгомджын куысты тыххӕй.
"Тӕрхондонон пъырыстыфты службӕ у барадхъахъхъӕнӕг системӕйы сӕйрагдӕр ӕмӕ авторитетондӕр цӕгтӕй сӕ иу, кӕцы хӕссы егъау хайбавӕрд закондзинад ӕмӕ барад бахъахъхъӕнынмӕ. Ӕхсызгонӕй уынын, сымах кӕй кусут уӕхиуыл, стыр хъусдард кӕй здахут уӕ профессионалон рӕзтмӕ", - банысан кодта йӕ арфӕйы Гаглойты Алан.
Президент равдыста ныфс, Тӕрхондонон пъырыстыфты службӕйы кусджытӕ дарддӕр дӕр кӕй архайдзысты паддзахады закондзинад ӕрбиноныг кӕныныл.
Ног хабӕртты лентӕ
0