Хуссар Иры премьер æрсидт аразджытæм ма фæкъаддæр кæнын Инвестпрограммæйы куысты темптæ

© Пресс-служба Правительства РЮОАрæзтадон куыстытæ Цхинвалы
Арæзтадон куыстытæ Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 авг – Sputnik. Хицауады сæрдар Джуссойты Константин æрсидт Инвестпрограммæйы фæлгæтты объектты аразджытæм, цæмæй ма къаддæр кæной куысты темптæ æмæ рæстæгыл аразой хыгъдлæвæрдон документаци, хъусын кæны дыццæджы хицауады пресс-службæ.
"Хъæуы хъус дарын куыстыты гъæд æмæ æмгъуыдмæ, афтæ ма рæстæгыл бавдисын хыгъдлæвæрд. Куыстыты гуырахсты фæдыл информаци хъуамæ æмбæлон уагыл арæзт цæуа", - бахахх кодта Джуссойты Константин Инвестпрограммæйы реализацимæ хъусдарды фæдыл штабы рабадтыл.
Фембæлды рæстæджы куыд банысан кодтой, афтæмæй паддзахадон унитарон куыстуæттæ "Энергоресурс – Хуссар Ирыстон" æмæ "Водоканал" фесты газы хызæгтæ сæвæрыны фæдыл куыстытæ, афтæ ма ауагътой доны æмæ канализацийы хæххытæ Цхинвалы цалдæр уынгыл.
Уымæй дарддæр рабадты рæстæджы æрдзырдтой столицæйы Вокзалгæрон фæзуаты арæзтадон куыстытыл.
Рабадты хайад истой министрæдтæ, уагдæттæ æмæ паддзахадон куыстуæтты разамонджытæ, нардуатон организациты минæвæрттæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0