Æрвон таурæгътæ. Бурсамдзели. Æртхъирæны мæй æмæ Мартъи

Æрвон таурæгътæ
Рафыссын
Æртхъирæны мæй фыццаг уыди æртын иу бон, стæй æртæ боны къаддæр фæци. Уыцы æмбисонд ыл æрцыди афтæ.
Иу аз Мартъи йæ фæуынмæ æввахс мæсты кæнын байдыдта æмæ дзырдта йæхинымæр: "Замана нæу — ныр та æгас афæдз ферох уыдзынæн, адæмæй мæ кой ничиуал кæндзæни..."Бирæ фердиаг кодта, стæй уæд загъта: "Нæ уыдзæн уый! Æз афтæ бакæндзынæн, æмæ мæ адæм мæ фæуыны фæстæ дæр æгас афæдз хъуыды куыд кæной". — Рауагъта зæххыл стыр миты уард æмæ тыхджын уад. Зилдухгæнгæ-иу тымыгъ куы иуæрдæм ауагъта йæхи, куы иннæрдæм.
Адæм æддæмæ ракæсын нал уæндыдысты, фос сæ бынæттæй æрдиаг кодтой, суанг ма куыйтæ дæр арф баныгъуылдысты.
Уыцы хъызт бонты иттæг стыхсти иу фыййау. Йæ фосæн бахæринаг нал уыдис æмæ сыдæй мардысты. Смæсты фыййау Мартъимæ æмæ йæм сдзырдта: — Ниу, ниу, бирæ нал ахæсдзынæ, дæ мæлæт æрхæстæг и, ницыуал нын кæндзынæ. Уыцы ныхæстæм фырмæстæй Мартъийæн йæ цæстыты туг разылди. Фæлæ ма йын цы гæнæн уыди, æцæг мæстæй мæлыны йеддæмæ: йæ кæрон æрхæццæ.
"Уæд та мын мæ сыхаг мæйтæй исчи æфстау куы раттид иу къорд бонтæ, — загъта йæхинымæр". — Раздæхти фæстæмæ Æртхъирæны мæймæ æмæ йæм йæхи мæгуыргурау бакъултæ кодта. — Табуафси, мæ сыхаг, дæ иннæ азы бонтæй мын æртæ ратт æфстау, иннæ аз дын сæ бафиддзынæн.
Фæтæригъæд ын кодта Æртхъирæны мæй æмæ йын æртæ боны йæ къухы цæвæрдта.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0