https://sputnik-ossetia.com/20220830/tskhinvaly-atsyd-pedagogon-konferentsi-18575812.html
Цхинвалы ацыд педагогон конференци
Цхинвалы ацыд педагогон конференци
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 30 авг – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны столицæйы дыццæджы ацыд æрвылазон августон педагогон конференци, кæцы традицимæ гæсгæ цыд ног ахуыры... 30.08.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-08-30T17:13+0300
2022-08-30T17:13+0300
2022-08-30T17:13+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
президент
ахуырад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/08/1e/18571462_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_1fdaf86eea5c6dc307a6ee84b144607f.jpg
ЦХИНВАЛ, 30 авг – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны столицæйы дыццæджы ацыд æрвылазон августон педагогон конференци, кæцы традицимæ гæсгæ цыд ног ахуыры азы хæдразмæ. Ныры конференцийы темæ уыд "ахуырады системæйы актуалон фарстытæ нырыккон этапыл æмæ сæ фæхуыздæр кæныны фæдыл къахдзæфтæ".Конференцимæ фæхуыдтой республикæйы къухдариуæгады минæвæртты президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй.Мадзал райдыдта рæзгæ фæлтæры монон-фæткæвæрдон хъомылады фæдыл программæйы реализацийы тыххæй видероликы презентацийæ.Ахуырады министры хæстæ æххæстгæнæг Гасситы Натали банысан кодта йæ доклады базон зонындзинæдтæ райсыны ахсджиагдзинад.Уый радзырдта Нормативон-барадон документты тыххæй, кæцытæ сæм ис кæнæ та сыл куыст цæуы. Гасситы Натали радзырдта сабидæтты къордты сывæллæтты нымæцы тыххæй дæр.Уымæй дарддæр Гасситы Натали æрдзырдта Цхинвалы бирæпрофилон колледжы проблемæтыл дæр æмæ банысан кодта ахуырадон уагдонæн кæй нæйуазæгдæттæ, хъæутæй абитуриенттæн æрцæуыны фадат нæй.Президент Гаглойты Алан банысан кодта, тынг æхсызгон ын кæй фыццаг хатт паддзахады сæргълæууæджы хуызы ралæууын педагогон æхсæнады раз.Афтæ ма президент бахахх кодта, хорз кæй уыдаид, куы æркастаиккой монон-фæткæвæрдон хъомылады программæмæ æмæ бакусын фæрæзтæ раст хардз кæныны фарстыл.Конференцийы рæстæджы хорзæхджын æрцыдысты ахуыргæнджытæ, сæ нымæцы горæты æртыккæгæм скъолайы педагогнтæ – уыдон райстой бузныджы фыстæджытæ ахуырады министрадæй Донбассæй лигъдонтимæ куысты тыххæй.Афтæ ма хицæн ахуыргæнджытæн радтой зæрдылдарæн нысæнттæ.Ахуырады къабазы кусджытæй кæцыдæртæ бавдыстой сæ докладтæ, кæцыты радзырдтой сæ проблемæтæ æмæ сæ аскъуыддзаг кæныны къахдзæфтыл.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/08/1e/18571462_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_f67d8459efbf5f45f2c106ac0faed21a.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, президент, ахуырад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, президент, ахуырад
ЦХИНВАЛ, 30 авг – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны столицæйы дыццæджы ацыд æрвылазон августон педагогон конференци, кæцы традицимæ гæсгæ цыд ног ахуыры азы хæдразмæ. Ныры конференцийы темæ уыд "ахуырады системæйы актуалон фарстытæ нырыккон этапыл æмæ сæ фæхуыздæр кæныны фæдыл къахдзæфтæ".
Конференцимæ фæхуыдтой республикæйы къухдариуæгады минæвæртты президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй.
Мадзал райдыдта рæзгæ фæлтæры монон-фæткæвæрдон хъомылады фæдыл программæйы реализацийы тыххæй видероликы презентацийæ.
Ахуырады министры хæстæ æххæстгæнæг Гасситы Натали банысан кодта йæ доклады базон зонындзинæдтæ райсыны ахсджиагдзинад.
Уый радзырдта Нормативон-барадон документты тыххæй, кæцытæ сæм ис кæнæ та сыл куыст цæуы. Гасситы Натали радзырдта сабидæтты къордты сывæллæтты нымæцы тыххæй дæр.
"Сабидæтты бынæтты цухдзинады проблемæ нал ис", - банысан кодта министр.
Уымæй дарддæр Гасситы Натали æрдзырдта Цхинвалы бирæпрофилон колледжы проблемæтыл дæр æмæ банысан кодта ахуырадон уагдонæн кæй нæйуазæгдæттæ, хъæутæй абитуриенттæн æрцæуыны фадат нæй.
Президент Гаглойты Алан банысан кодта, тынг æхсызгон ын кæй фыццаг хатт паддзахады сæргълæууæджы хуызы ралæууын педагогон æхсæнады раз.
Афтæ ма президент бахахх кодта, хорз кæй уыдаид, куы æркастаиккой монон-фæткæвæрдон хъомылады программæмæ æмæ бакусын фæрæзтæ раст хардз кæныны фарстыл.
"Æрæввахс кæны ног ахуыры аз, уый æнцон рæстæг нæу сымахæн, мæ цæст уын уарзы бирæ тыхтæ æмæ энтузиазм. Стыр бузныг уын уæ куысты тыххæй", - загъта президент.
Конференцийы рæстæджы хорзæхджын æрцыдысты ахуыргæнджытæ, сæ нымæцы горæты æртыккæгæм скъолайы педагогнтæ – уыдон райстой бузныджы фыстæджытæ ахуырады министрадæй Донбассæй лигъдонтимæ куысты тыххæй.
Афтæ ма хицæн ахуыргæнджытæн радтой зæрдылдарæн нысæнттæ.
Ахуырады къабазы кусджытæй кæцыдæртæ бавдыстой сæ докладтæ, кæцыты радзырдтой сæ проблемæтæ æмæ сæ аскъуыддзаг кæныны къахдзæфтыл.