Уæрæсейаг æфсæдтæ фæстæмæ аппæрстой украинæйаг тыхты размæбырст

© Sputnik / Константин Михальчевский /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æфсæддон
Уæрæсейаг æфсæддон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 авг – Sputnik. Уæрæсейы Гарзджын тыхтæ ныддæрæн кодтой украинæйаг æфсæдты, кæцытæ бафæлвардтой размæбырст Николаевы-Криворожаг æмæ æндæр здæхттыл, иу суткæмæ скуынæг кодтой 1200-йæ фылдæр æфсæддоны, фехъусын кодтой дыццæджы УФ Хъахъхъæнынады министрады.
"Зеленскийы хисæрмагонд барамындæй украинæйаг æфсæдты размæбырст фæстæмæ аппæрстой уæрæсейаг æфсæдтæ Николаевы-Криворожаг æмæ æндæр здæхттыл. Уæрæсейаг æфсæдты эффективон архайды руаджы иу суткæмæ скуынæг кодтой 48 танчы, 46 хæстон хæдтулгæйы, æндæр бронетехникæйы 37 иуæджы, аст пикапы егъаукалиброн пулеметтимæ æмæ 1,2 минæй фылдæр украинæйаг æфсæддоны", - хъусын кæны РИА Новости УФ Хъахъхъæнынады министрады бæрæггæнæнтæ.
Афтæ ма, Хъахъхъæнынады министрады информацимæ гæсгæ, уæрæсейаг æфсæддонтæ скуынæг кодтой националистон иугонд "Кракен"-ы 100 хæстонæй фылдæр Константиновкайы районы Донецкаг Адæмон Республикæйы.
Ног хабӕртты лентӕ
0