Хур арты куы басыгъд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Хур арты куы басыгъд
Хъусут аудиочиныг "Хур арты куы басыгъд"-мæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

10. Фугæджыны мæлæт. Рукъ. Гур. Тудджын уынаффæ

10. Фугæджыны мæлæт. Рукъ. Гур. Тудджын уынаффæ.
Рафыссын
Удмарты æфсад Фугæджыны æрцардис æмæ йын йæ туджы фæстаг æртæхтæ нуазы. Арон мæстæй скъуыйы уыдоны æгаддзинадмæ кæсгæйæ, фæлæ йын цы гæнæн уыд. Бæхгæс сын нылллæууыд æмæ уый фæрцы фадат уыди рацу-бацуйæн – хъуыста цы дзурынц удмартæ æмæ-иу скъæты ᾿рдæм дæр йæ хъус бадардта. Кæсы æфсæддонтæм, æмæ уыдон сæхи цæттæ кæнынц. Хуссарварсы ᾿рдыгæй ком æнæхъæнæй æфсадæй – йедзаг, зæхх дæр нал зыны. Арон скъæтмæ бауад æмæ Габемæ ныллæвæрдта дыууæ боны фаг хæринаг æмæ фыстæг. Чысыл Габе зæххы бын фæндагыл алыгъд. Фыдгæнджытæ арт бандзæрстой хъæуыл.
Ручъы фæндаджы арæзтад цæгаты ᾿рдæм ахызт, Рутен æмæ кусджыты циндзнадæн кæрон нæ уыд. Ручъы большевикты штабы агъуысты сæрыл æрцауыгътой сырх тырыса. Къозты Владимир уынаффæйы гæххæт радта Джиоты Алыксандрмæ. Уыцы уынаффæйы фыст уыд æфсæддон бабырст кæй нывæндынц Цхинвалмæ, цæмæй йæ ссæрибар кæной меньшевиктæй.
Гуры уыцы бон скъуыддзаг кодтой ирон адæмы сау фидæны фарст. Æмбырды фæстæ Филипп Махарадзе иунæгæй баззад талынг хатæны. Йæ галиу къухы æнгуылдзты - дыккаг фыстæг Ручъы комæй æмæ йæ сындæггай аскъуыдтæ кодта…
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Бежанты Æхсары чиныг "Хур арты куы басыгъд".
Ног хабӕртты лентӕ
0