Дзуæрттæ æмæ кувæндæтты таурæгътæ. Рекомы таурæгъ. Хетæджы къох

Дзуæрттæ æмæ кувæндæтты таурæгътæ
Рафыссын
Хæресы уыди цæхкъахæнтæ. Быдыры дзуар фæлвæрдта уырдыгæй цæхх радавын, фæлæ йæ къухы ницы æфтыд, уымæн æмæ сæ хъахъхъæдтой Уастырджи æмæ йæ фырт.
Иу ахæмы Уастырджи сфæнд кодта балцы цæуын. Йæ фыртæн бафæдзæхста, цæмæй змæлæг ма уадза цæхкъахæнтæм фæндагыл. Цæхкъахæнтæ лæппуйы æвджид баззадысты, уый Быдыры дзуар куы базыдта, уæд егары хуызы бацыд, Хæресмæ бауад æмæ дзы цæхх рахаста.
Уалынмæ балцæй æрыздæхт Уастырджи æмæ фæрсы лæппуйы — фæндагыл цæуæг федта æви нæ. Лæппу йын загъта: — Фæндагыл ауад æрмæст иу егар куыдз.
Уастырджи уайтагъд бамбæрста хъуыддаг æмæ фат фехста Быдыры дзуары фæстæ. Фат дзуарыл нæ сæмбæлд, фæлæ йæ зынг стъæлфæнтæй сæвзæрдысты, Æхсæуы цур цы кæрдо бæлæстæ ис, уыдон. Задæлескы цур дыккаг фат суагъта Уастырджи, æмæ уый стъæлфæнтæй сæвзæрд Моргы хъæд. Нал аййæфта Уастырджи къæрныхы, йæ маст нал баурæдта, афтæмæй йæ разы цы айнæг къæдзæх фæци, уый фыццаг кардæй æрриуыгъта, стæй йæ арцæй барæхуыста. Карды цæфæй къæдзæх афасти, арцы рæхуыстæй та дзы лæгæт баззад. Уыдон абон дæр бæрæгæй зынынц уыцы къæдзæхыл.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0