Евроцæдисы бæстæтæ нæ бадзырдтой уæрæсейæгтæн визæтæ дæттын æруромыныл

© Sputnik / Александр КряжевЕвроцæдисы бæстæтæ нæ бадзырдтой уæрæсейæгтæн визæтæ дæттын æруромыныл
Евроцæдисы бæстæтæ нæ бадзырдтой уæрæсейæгтæн визæтæ дæттын æруромыныл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 31 авг – Sputnik. Венгрийы ФХМ сæргълæууæг Петер Сийярто фехъусын кодта, Евроцæдисы бæстæтæн кæй нæ бантыст бадзурын уæрæсейæгтæн визæтæ дæттын æруромыныл, хъусын кæны РИА Новости.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, бирæ европейаг бæстæты ФХМ сæргълæуджытæ не сразы сты ацы хъæппæрисыл баныхасы рæстæджы.
"Евроцæдисы ФХМ сæргълæуджыты советыл не сразы сты уæрæсейæгтæн визæтæ дæттын æруромыныл. Бирæ бæстæтæ ралæууыдысты ацы хъæппæрисы ныхмæ, сæ нымæцы æз дæр", - банысан кодта Петер Сийярто.
Уый ма бафтыдта, зæгъгæ, уыимæ иумæ Евроцæдис аскъуыддзаг кодта фехалын бадзырд Уæрæсеимæ æнцондæр визон режимы фæдыл. Сийярто банысан кодта, ууыл кæй схъæлæс кодтой иугонды паддзахæдты фылдæр хай.
Ног хабӕртты лентӕ
0