Æфсæддон эксперт Борис Рожин æрдзырдта украинæйаг тыхты размæбырсты фæкъуыхцыйы аххосæгтыл

Рафыссын
Херсоны областмæ размæбырсты фæстиуæгæн украинæйаг тыхтæ фесæфтой бирæ æфсæддонтæ æмæ техникæ. Уыимæ иумæ Украинæйы Гарзджын тыхтæ кæнынц се ‘фсæдтæ Харьковы рдæм, фехъусын кодта йæ интервьюйы "Sputnik на русском"-æн Æфсæддон-политикон журналистикæйы центры эксперт Борис Рожин.
Йæ хъуыдымæ гæсгæ, Украинæйы Гарзджын тыхты хъæуы æнтыстытæ цыфæнды здæхтыл дæр, цæмæй равдисой, нуыгуылæйнаг æхцайы фæрæзтæ кæй дæттынц фæстиуджытæ.
Цæмæн сты разы Украинæйы Гарзджын тыхтæ фесафын бирæ æфсæддонты? Знагæн Харьковы здæхттыл исты бантыстдзæн æви нæ? Цы у сæ бон саразын Украинæйы спонсортæн, цæмæй сæххæст кæной сæ нысæнттæ? Уыдæтты тыххæй – нæ интервьюйы.
Ног хабӕртты лентӕ
0