Хуссар Иры хицауад снысан кодта экономикон райрӕзты министрӕн ног хӕдивӕджы

© Sputnik / Наталья АйриянХицауады бӕстыхай
Хицауады бӕстыхай - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 авг – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны министрты кабинет хорзыл банымадта Хуыбылты Екатеринайы кандидатурӕй республикӕйы экономикон райрӕзты министры хӕдивӕджы бынатмӕ. Ӕмбӕлон скъуыддзаг рахастӕуыд ӕртыццӕджы хицауады рабадты.
Экономикон райрӕзты уагдоны сӕргълӕууӕг Тадтаты Дзамболат банысан кодта, министрады кӕй ис фыццаг хӕдивӕджы вакантон бынат ӕмӕ йӕм банхъардта Хуыбылты Екатеринайы.
"Хуыбылты Екатерина йӕхи равдыста куыд куыстуарзаг ӕмӕ нысанмӕздӕхт адӕймаг. Министрады кусгӕйӕ уый ӕхсызгонӕй кодта методикон ӕххуыс ӕмӕ арӕзта консультацитӕ. Ис ын хицауады грамотӕ ӕмӕ республикӕйы архайгӕ уынаффӕгӕнӕджы ӕртыккаг классы цин", - банысан кодта Тадтаты Дзамболат.
Министры фыццаг хӕдивӕджы бынаты, банысан кодта уагдоны сӕргълӕууӕг, уый бӕрны уыдзысты 2022-2025 ӕзтӕн социалон-экономикон райрӕзты фӕдыл паддзахадон программӕты реализаци. Афтӕ ма координаци кӕндзӕн ӕддагэкономикон бастдзинӕдты управлени ӕмӕ инфестицион архайды.
Хицауады рабадты ма аскъуыддзаг кодтой йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕнын республикӕйы экономикон райрӕзты министры хӕдивӕг Козаты Роины.
Ног хабӕртты лентӕ
0