Мæрдты бæсты таурæгътæ. Мæрдты айдæн. Адæймаджы тæригъæдтæ. Хиуарзон лæг

Мæрдты бæсты таурæгътæ
Рафыссын
Иу лæг рæстæй фæцарди уæлæуыл. Фæлæ куы амард, уæд æм тæригъæдтæ разынди — уыдысты галы мисындзæджы дзаг. Галы мисындзæджы йæ тæригъæдтæ айста æмæ фæцæуы мæрдтæм. Фæндагыл кæуы, æрдиаг кæны, йæхи мары. — Рæстæй куы фæцардтæн, мæ аууонæй куы тарстæн, фысы комæй хал куы никуы раластон, уæд мæм ацы тæригъæдтæ кæцæй разындысты?
Уалынмæ йæ иу лæг æрæййæфта дзоныгъы бадгæйæ. Дзоныгъы — дыууæ галы ифтыгъд. Ласы стыр лалым — гæбæт. — Дæ фæндаг раст. — Дæ хъуыддаг раст. — Уыцы куыд цæуыл кæныс? — Куыд нæ кæуон — мæхи фæхъахъхъæдтон тæригъæдæй, мæ мæрдтæмвæндаг хъахъхъæнгæйæ, ныр мæм уæддæр мæнæ ацы мисындзæджы дзаг разынди тæригъæдтæ. — Æри сæ ардæм, мæнæн уæлдай нал у: кæсыс мæнæ ацы лалыммæ, мæ дыууæ галы йæ тыххæй ласынц. Уыдон сты мæ тæригъæдтæ.
Радта йæ мисындзæг, лæг æй йæ дзоныгъы баппæрста, æмæ дарддæр араст сты.
Бахæццæ сты тæрхондонмæ. Мæрдтæ дзы гуылфæнтæ кæнынц, алчи дзы йæ лалымимæ æнхъæлмæ кæсы барæнмæ. Уалынмæ дзоныгъæй райстой лалым æмæ йæ тæразыл æрæвæрдтой. Куыддæрты мисындзæг тæразæй æрхауд.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0