Уæрæсейаг æфсæддонтæ æрыппæрстой украинæйаг дрон Запорожаг АЭС-ы цур

© Sputnik / Константин МихальчевскийЗапорожаг АЭС
Запорожаг АЭС - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 31 авг – Sputnik. Уæрæсейаг æфсæддонтæ æрыппæрстой украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппарат Запорожаг АЭС-ы цур, хъусын кæны РИА Новости.
Агентад куыд хъусын кæны, афтæмæй дроны хæйттæ æрхаудтой станцмæ бацæуæн фæндаджы цур. Уæрæсейаг тыхон структурæтæ, кæцытæ æрцыдысты цауы бынатмæ, ссардтой Польшайы арæзт æнæпилотон тæхæг аппарат Warmate.
Ивгъуыд æхсæв украинæйаг æфсæддонтæ 60-æй фылдæр артиллерион æхст фæкодтой Энергодар, сæ нымæцы горæты администраци. Зианбаййафджытæ нæй.
Уый размæ МАГАТЭ мисси рацыд Киевæй ЗАЭС-ы рдæм. Делегацийы сконды ис МАГАТЭ-йы секретариаты дæсæй фылдæр кусæджы, кæцытæ архайынц ядерон æдасдзинадыл. Объектмæ фæндагыл уыдонæнимæ цæуынц ИНО минæвæртты командæ.
ЗАЭС ис Днепры галиу фарс горæт Энергодары цур. Уый у иууыл егъаудæр станц Европæйы йæ гуырахстмæ гæсгæ. Мартæй фæстæмæ уый ис уæрæсейаг æфсæддонты хъахъхъæнынады бын. Уæдæй фæстæмæ Украинæйы Гарзджын тыхтæ арæх фехсынц Энергодар æмæ цæрæн пункттæ, кæцытæ сты Запорожаг АЭС-мæ хæстæг.
Ног хабӕртты лентӕ
0