Хур арты куы басыгъд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Хур арты куы басыгъд
Хъусут аудиочиныг "Хур арты куы басыгъд"-мæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

11. Белоты сæндидзыны ныфс. Гуры сау аргъуаны разæнгард. Дзауæй – Рукъмæ. Ручъы фæдис

11. Белоты сæндидзыны ныфс. Гуры сау аргъуаны разæнгард. Дзауæй – Рукъмæ. Дзау. Чысыл Габе æмæ сывæллæттæ. Ручъы фæдис.
Рафыссын
Чысыл Габе судзгæ Фугæджынæй рараст ис хъæд-хъæд æмæ ныххæццæ ис сыгъд Белотмæ. Уым сæмбæлд йæ хистæр хо Дзерассæйыл, акаст æмæ дардмæ ноджы иу-фынддæс сывæллоны суыдта, дзидзидайтæ дæр дзы уыд. Цыдысты иу хъæуæй иннæмæ. Сæ дзидзидайтæ бирæтæн сæ къухты мардæй. Чысыл Габе æмбæрста хабар, фæлæ нæ зыдта куыд бамбарын кæна, уый. Афтæмæй сæ фæндаг кодтой дарддæр.
Гуры аргъуаны раз лæууынц Ной Жордания æмæ Валикъо Джугели. Сæ фарсмæ та – гуырдзыйы каталикос-сауджын йæ сау дарæсы, æвзистдзуар – йæ къухы. Сæ размæ лæууынц гуырдзиаг æфсæдты тугдзых командиртæ, командирты фæстæ та – удмарты æфсады рæнхъытæ. Валикъо Джугели йæ раныхасы бардзырд радта ирæтты рамæрзын æфсæн уисойæ.
Мате æмбæрста гуырдзыйы æфсад зынгæ фылдæр кæй у. Хъавыди сæ ныддихтæ кæнын æмæ афтæмæй фæцæгъдын. Цалынмæ йæ бар уыдис, уæдмæ хæцæнгарз тымбыл кодта æмæ адæмы ифтонг кодта.
Залинæ йе ᾿мбалимæ донбыл цыдæртæ ᾿хсадтой. Дыууæ расыг гуырдзиаг миллиционеры сæм æрбаввахс сты. Гуырдзиаг йæ чъизи къухтæ ауагъта чызджы сыгъдæг буарыл. Залинæйæн куыддæр фадат фæци, афтæ йæхи фæзылдта æмæ гуырдзиагыл йæ тых йæ бонæй ныххæцыдис къухтæй, афтæмæй йемæ йæхи донмæ баппæрста. Афтæ цæугæдон сæ дыууæйы дæр аласта.
Дзуццаты Арсены ᾿фсад рахæцыдысты Рукъæй Тамарайы хъæуы ᾿рдæм. Ручъы чи баззад, уыцы ᾿фсад Мате адих кодта бæхæфсад, фистæгæфсад æмæ пулеметæйæхсджытыл. Афтæ Уастырджыйы разæнгардæй дарддæр анкъуыстысты.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Бежанты Æхсары чиныг "Хур арты куы басыгъд".
Ног хабӕртты лентӕ
0