Беслæны райдыдта æртæбонон мысæн вахта 2004 азы теракты амæттæгты фæдыл

© Sputnik / Денис Абрамов /  Ахизын медиабанкмæБеслæны теракт
Беслæны теракт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 сен - Sputnik. Беслæны фыццæгæм скъолайы райдыдта æртæбонон вахтæ 2004 азы террористон акты амæттæгты фæдыл, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг æмæ хицауады пресс-службæ.
"Мысæн бонтæ ацæудзысты Беслæны фыццæгæм скъолайы территорийыл, афтæ ма мемориалон комплекс "Зæдты горæты" территорийыл. Фыццæгæм сентябры 9.15 сахатыл скъолайы кæрты айзæлдзæн дзæнгæрæг, уый фæстæ ацæудзæн дидинты сæвæрд æмæ Хуыцаумæ скуывд. 13.00 сахатыл горæт Беслæны Культурæйы галуаны ацæудзæн террористон акты зианбаййафджыты пресс-сконференци", - дзырдæуы хъусинаджы.
Æрвыл изæр æртæ боны дæргъы скъолайы кæрты судздзысты мысæн цырæгътæ, банысан кодтой хицауады.
Æртыккæгæм сентябры та ацæудзæн дзуарæфтыд цыд фыццæгæм скъолайæ мемориалон комплекс "Зæдты горæт"-ы онг, цы ран бакæсдзысты теракты фæмардуæвджыты нæмттæ æмæ мыггæгтæ, скъоладзаутæ та суадздзысты уæларвмæ 334 тымбылæджы.
2004 азы 1 сентябры террористтæ бацахстой Беслæны фыццæгæм скъола æмæ амынæты систой 1128 адæймаджы, кæцыты æртæ боны хъизæмарæй мардтой. Теракты фæстиуæгæн бабын ис 334 адæймаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0