Дзауы районы хъæуты цæрджытæ: арæны баконд фенцондæр кодта нæ цард

© Sputnik / Natalia Airiyanуадзæн пункт "Переу"
уадзæн пункт Переу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 сен - Sputnik, Гаглойты Алан. Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны хсæн арæн уадзæн пункт "Переу"-ы уылты августы ахызтысты 400 адæймаджы бæрц. Уый тыххæй Sputnik радзырдтой республикæйы Дзауы районы арæнгæрон хъæуты цæрджытæ.
Хуссар Ирыстоны Æдасдзинады совет уый размæ бар радта Хуссар Ирыстоны Дзауы æмæ Ленингоры районты цæрджытæн хизын Гуырдзыстонимæ арæны уылты сæрмагонд пропусктæй алкæцы мæйы 20-æй 30-æм нымæцмæ.
"Мæн фæнды бузныг зæгъын арæнхъахъхъæнджытæн, кæцытæ алцыдæр аразынц, цæмæй фенцондæр кæной нæ цард. Афтæ мам æ фæнды зæгъын бузныг хицауад æмæ барадхъахъхъæнæг органтæн фæндаджы баконды тыххæй", - дзуры районы цæрæг Бестауты Аркадий.
Хæлцады æдасдзинад æххæст кæныны нысанæн арæнгæрон зонæйы цæрджытæн арæны уылты хæссыны бар ис 50 килограммы онг продукттæ æмæ цардуагон базайрæгтæ. Афтæ ма иу адæймагæн хæссыны бар ис æртæ литры онг нозт.
"Мах цæуæм Гуырдзыстонмæ алыхуызон нысæнттæ сæххæст кæнынмæ: фенын хиуæтты, хоскæнынмæ рынчындонмæ. Махæн алыхатт фадат нæ вæййы ацæуын Цхинвалмæ, фæлæ арæны баконд зынгæ фенцондæр кодта цард, сæйраджыдæр, хистæр кары адæмæн", - дзуры Карзманы хъæуы цæрæг Георгий Кимадзе.
Хæдтулгæйы арæны уылты хизыны бар ис æрмæстдæр Гуырдзыстоны рдæм.
Ног хабӕртты лентӕ
0