Хуссар Иры ХМ сæрмагонд батальоны кусджытæ радтой нормативтæ физикон цæттæдзинадæй

© Photo : Пресс-служба Минобороны РЮОХуссар Иры ХМ сæрмагонд батальоны кусджытæ радтой нормативтæ физикон цæттæдзинадæй
Хуссар Иры ХМ сæрмагонд батальоны кусджытæ радтой нормативтæ физикон цæттæдзинадæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады сæрмагонд нысаниуæджы батальоны кусджытæ радтой нормативтæ физикон цæттæдзинадæй Цхинвалы стадионы. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы хъахъхъæнынадон уагдоны пресс-службæ.
"Физикон цæттæдзинад тынг ахсджиаг у æфсæддонтæн, сæйраджыдæр, сæрмагонд нысаниуæджы батальоны хæстонтæн, уый фæдыл æфсæддонтæ иууылдæр цæттæ сты цыфæнды физикон фæлварæнтæм", - банысан кодта батальоны командæгæнæг, гвардийы майор Джиоты Æхсар.
Нормативтæ раттыны размæ уагъд цæуынц ахуыртæ иудадзыг дислокацийы пункты, æфсæддон горæты спортивон залы, полигоны. Æфсæддонтæ иудадзыг æххæст кæнынц марш-бросоктæ алыхуызон дистанцитæм. Ахуырты аннæ этап уыдзæн æхсыны цæттæдзинад.
Ахуырты алы этапы фæстæ дæр батальоны æфсæддонтæ ратдзысты къласон квалификацитæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0