Æвзонг дипломаттæ Хуссар Ирæй бахызтысты æхсæнадæмон ассоциацимæ

© Пресс-служба МИД РЮОÆвзонг дипломатты V Глобалон форум
Æвзонг дипломатты V Глобалон форум - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны дипломаттæ æрбаиу сты Æвзонг дипломатты æхсæнадæмон ассоциацимæ, церемони ацыд æвзонг дипломатты V Глобалон форумы хатдзæгтæм гæсгæ Казаны. Уый тыххæй хъусын кæны хуссарирыстойнаг æддагполитикон уагдоны пресс-службæ.
Форум æрæмбырд кодта æддагполитикон уагдæтты 100 æвзонг кусæджы дунейы 40 бæстæйæ, сæ нымæцы Хуссар Ирыстон дæр.
"Форумы ахсджиаг хатдзæг уыд ног хайадисджыты бахызты церемони Æвзонг дипломатты æхсæнадæмон ассоциацимæ. Ассоциацимæ æрбаиу сты дипломатон уагдæтты минæвæрттæ 20 бæстæйæ, сæ нымæцы Хуссар Ирыстон дæр", - банысан кодтой ФХМ.
© Пресс-служба МИД РЮОÆвзонг дипломатты V Глобалон форум
V Глобальный форум молодых дипломатов в Казани - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.09.2022
Æвзонг дипломатты V Глобалон форум
Уагдоны бахахх кодтой, зæгъгæ, ассоциацийы нысаниуæг у егъау бирæфункционалон æмæ дæргъвæтин фæзуаты арæзтад æхсæнадæмон ахастытæ æмæ бизнесы къабазы профессионалты æмархайдæн.
ФХМ ма фехъусын кодтой, форумы фæлгæтты кæй ацыд Уæрæсе, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æвзонг дипломатты æртæварсон тымбыл фынг. Дискуссийы рæстæджы уæрæсейаг фарс равдыста фæсивæдон иугонды арæзтад æмæ куысты фæлтæрддзинад, банхъардта æрнывыл кæнын иудадзыг æмархайд.
Ног хабӕртты лентӕ
0