Хуссар Иры президент хайад райсдзæн фыдохы мадзæлтты Беслæны

© Sputnik / Анна КабисоваБеслæн
Беслæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан хайад райсдзæн фыдохы мадзæлтты Беслæны, фехъусын кодта паддзахады сæргълæууæджы пресс-секретарь Босыкты Наталья.
"Хуссар Ирыстоны делегаци президенты сæргълæудæй ссардзысты фæмардуæвджыты рухс нæмттæ æмæ дидинтæ сæвæрдзысты момументмæ "Зæдты горæты" Беслæны. Афтæ ма уыдон ссардзысты сæрмагонд дæлхайæдтæ "Альфа" æмæ "Вымпел"-ы фæмардуæвæг хæстонты рухс нæмттæ", - загъта пресс-секретарь.
Беслæны цыппæрæмы райдыдта æртæбонон мысæн вахта 2004 азы теракты амæттæгты фæдыл. Мысæн бонтæ ацæудзысты Беслæны фыццæгæм скъолайы территорийыл, афтæ ма мемориалон комплекс "Зæдты горæты" территорийыл. Æрвыл изæр æртæ боны дæргъы скъолайы кæрты судздзысты мысæн цырæгътæ. Æртыккæгæм сентябры та ацæудзæн дзуарæфтыд цыд фыццæгæм скъолайæ мемориалон комплекс "Зæдты горæт"-ы онг, цы ран бакæсдзысты теракты фæмардуæвджыты нæмттæ æмæ мыггæгтæ, скъоладзаутæ та суадздзысты уæларвмæ 334 тымбылæджы.
2004 азы 1 сентябры террористтæ бацахстой Беслæны фыццæгæм скъола æмæ амынæты систой 1128 адæймаджы, кæцыты æртæ боны хъизæмарæй мардтой. Теракты фæстиуæгæн бабын ис 334 адæймаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0