Уæрæсейы ХМ радзырдтой Киевы æфсады зиæнтты тыххæй Николаев-Криворожаг здæхтыл

© Sputnik / Виктор Антонюк /  Ахизын медиабанкмæПырх танк
Пырх танк - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 сен — Sputnik. Хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой, Киевы режим дарддæр кæй æххæст кæны æнæнтыст фæварæнтæ, цæмæй бацахсой хицæн фадгуытæ Николаев-Криворожаг здæхтыл. Иу суткæмæ ацы здæхтыл фæмард сты Украинæйы Гарзджын тыхты 330 æфсæддоны. Афтæ ма дыууæ хæстоны та систой амынæты.
"Иу суткæмæ ацы здæхтыл знаг фесæфта 13 танчы, пехотæйы 19 хæстон хæдтулгæйы, æндæр бронетехникæйы 12 иуæджы, 11 пикапы егъаукалиброн пулеметтимæ æмæ 330-æй фылдæр æфсæддоны. Амынæты систæуыд дыууæ хæстоны", - дзырдæуы Хъахъхъæнынады министрады хъусинаджы.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 283 хӕдтӕхӕджы, 151 вертолеты, 1864 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 372 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 4711 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 823 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3364 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 5217 иуӕджы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
 Артиллерийы куыст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.09.2022
Шойгу фехъусын кодта националистты арф хъахъхъӕнынад атоныны тыххӕй Донбассы
Ног хабӕртты лентӕ
0