Ирон фысджытæ. Колыты Аксо

Ирон фысджытæ. Колыты Аксо
Рафыссын
Ирон литературæйы фæзынд æмæ райрæзтыл дзургæйæ, нæй Колыты Аксойы цард æмæ сфæлдыстады фæндаджы иувæрсты ахизæн, кæд æмæ фыццаг ирон поэтыл нымад æрцыд Мамсыраты Темырболат, уæддæр ирон адæмы культурæйы рæзты фæндагыл дзургæйæ, алчидæр æнæ гуырысхойæ фæзæгъы, зæгъгæ, ирон æвзагыл фыццаг æмдзæвгæ ныффыста Колыты АКсо.
Колыйы фырт цы радта æмæ цы бакуыста, уыдон кæд се ‘ппæт дæр чырыстон динимæ баст сты, уæддæр сæ хорздзинад æмæ сæ ахадындзинад егъау у. Егъау æй уымæн хонæм, æмæ æмæ нæ мадæлон æвзагыл Аксо ныффыста фыццаг æмдзæвгæ, уый сарæзта фыццаг фæлварæнтæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Плиты Гацыры чиныг "Фæлтæртæ æмæ азтæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0