Ирон фысджытæ. Хъайтмæзты Аслæмырзæ

Ирон фысджытæ. Хъайтмæзты Аслæмырзæ
Рафыссын
Хъайтмæзты Аслæмырзæйы царды хабæрттæ æмæ йе сфæлдыстадон бынтæ абоныбон дæр нырма кадавар сты. Нæ къухы цы æртæ æмдзæвгæйы ис поэты сфæлдыстадæй, уыдон сæхæдæг дзурæг иу стыр хъуыддагыл: æмдзæвгæты курдиатджын адæймаг ныффыста, æмæ Аслæмырзæ йæ царды бонтæ æртæ æмдзæвгæ æмæ фольклор æмбырд кæныныл бахардз кодтаид, уый никæй бауырндзæн. Уырнинаг у æндæр хъуыддаг: йæ рæстæджы зынджы хай бацис Аслæмырзæйы хæдзар æмæ уæд цъыбыртты сыгъд бакодтой Аслæмырзæйы муртæ.
Аслæмырзæ йæ рæстæгмæ гæсгæ раззагон интеллигенцийы минæвæртты хсæн нымад лæг уыд. Уыдон та уыдысты: Собиты Инал, Туккаты Соломон, Гарданты Михаил, Гуыриаты Гагуыдз, Тугъанты Батырбег æмæ æндæртæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Плиты Гацыры чиныг "Фæлтæртæ æмæ азтæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0