Дæлимонты таурæгътæ. Сау барæг. Гæлиаты калм. Хъомрын

Дæлимонты таурæгътæ
Рафыссын
Гæлиаты хъæугæрон ис ахæм бынат, æмæ-иу кæддæр хъæубæстæ уым æфснайдтой сæ хор, сæ исбон. Иу фæззæг куы уыди, уæд кæцæйдæр æрбахылд залиаг калм. Уыцы бынатыл æртыхст тæлыйау æмæ йæ къæдзил йæ дзыхы бакодта. Адæмæй йæм хæстæг бацæуын ничи уæндыд. Стыр мæты бацыдысты, зыдтой, стонгæй се сæфт кæй æрцæудзæн, уый. Уæд разынд иу хъæбатыр лæппу, Хъантемырты мыггагæй, — уый сфæнд кодта адæмы фыдбылызæй фервæзын кæнын. Лæппу гал бастыгъта, йæ царм ын йæ уæлæ скодта, афтæмæй йæ хурмæ ныххус кодта. Царм лæппуйы æмбуар куы бахус, уæд уый бæхыл сбадт æмæ гæрзифтонгæй калммæ бабырста. Бирæ фæхæцыдысты, иу афон лæппу фæцарæхст æмæ кардæй акъуырдта калмы сæр. Сæ хæст уыди донмæ æввахс. Калмæй уый бæрц туг фæцыди донмæ, æмæ дзы æнæхъæн афæдз баназæн нал уыд.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0