Хуссар Иры фæзынд Саулохты Тамарайы номыл бæрзæнд

© SputnikХуссар Иры фæзынд Саулохты Тамарайы номыл бæрзæнд
Хуссар Иры фæзынд Саулохты Тамарайы номыл бæрзæнд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 сен - Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Дзауы районы Леты комы бæрзæндæн радтой историк, клуб "Аполлон"-ы бындурæвæрæг Саулохты Тамарайы ном. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта клубы разамонæг Къацты Олеся.
"Клуб "Аполлон" 24 адæймаджы сконды сæххæст кодта хæрдмæсцыд клубы бындурæвæрæджы мысæнæн сабаты, 3 сентябры. Бæрзæнд ис 3331 метры æмвæзадыл. Бирæ азты размæ уырдæм клубы уæнгтимæ схызт Саулохты Тамара дæр. Уыдон уыдысты фыццæгтæ, чи схызт ацы бæрзæндмæ", - загъта Къацты Олеся.
Саулохты Тамара йæ цардæй ахицæн иу азы размæ, 2021 азы 88-аздзыдæй. Уый уыд Кады ордены кавалер, Хуссар Ирыстоны Адæмон ахуыргæнæг, историон зонæты кандидат æмæ алкæмæндæр зæрдæмæдзæугæ адæймаг.
Студентон клуб "Аполлон" сарӕзта 1972 азы 1 марты историкон зонӕдты кандидат Саулохты Тамара. Ӕрвылаз дӕр клубмӕ ӕрбацӕуынц ног хайадисджытӕ, кӕцытӕ нӕ уадзынц фехалын бирӕазон традици.
Ног хабӕртты лентӕ
0