https://sputnik-ossetia.com/20220905/ua-khas---akhuyr-ama-akhuyr-khipu-banysan-kodta-zonyndzinadty-bon-18689380.html
"Уӕ хӕс - ахуыр ӕмӕ ахуыр": ХИПУ банысан кодта Зонындзинӕдты бон
"Уӕ хӕс - ахуыр ӕмӕ ахуыр": ХИПУ банысан кодта Зонындзинӕдты бон
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 5 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты банысан кодтой Зонындзинӕдты бон. Сӕдӕгай студенттӕ раздӕхтысты сӕрдыгон... 05.09.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-09-05T13:52+0300
2022-09-05T13:52+0300
2022-09-05T13:52+0300
ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны
хипу
бæрæгбон
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/09/05/18681761_0:0:3071:1728_1920x0_80_0_0_c4ea79d3bd30fcba278fd968b4523872.jpg
ЦХИНВАЛ, 5 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты банысан кодтой Зонындзинӕдты бон. Сӕдӕгай студенттӕ раздӕхтысты сӕрдыгон улӕфтыты фӕстӕ ахуырмӕ. Бӕрӕгбонӕнмӕ фӕуазӕг президент Гаглойты Алан.Иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ ссардтой Беслӕны амӕттӕгты рухс нӕмттӕ. Уӕд трагедийы амӕттаг фесты 334 адӕймаджы, уыдонӕй 186 - сабитӕ.Цытджын мадзӕлттӕ райдыдтой ирон кафт "Хонгӕ"-йӕ. Симды бацыдысты уӕлдӕр ахуыргӕнӕндоны ансамблы кафджытӕ, кӕцыйӕн разамынд дӕтты Ӕлборты Гемир."Сентябры фыццаг бонтӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ фӕриссын кодтой, фӕлӕ удӕгасты хъӕуы цӕрын. Абон нын у стыр бӕрӕгбон. Сымах макуы рох кӕнут, кӕй уӕй хъӕуы ахуыр ӕмӕ ахуыр", - загъта ирон литературӕзонӕг, профессор Плиты Гацыр.Паддзахады разамонӕг дӕр загъта хорз ахуыр ӕмӕ ӕнтыстыты фӕндиӕгтӕ ахуырдзаутӕн.Паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим бузныг загъта фыццагкурсонтӕн, кӕй равзӕрстой ахуырӕн Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр ахуыргӕнӕндон, раарфӕ кодта студентон клуб "Аполлон"-ӕн сӕ 50 азы юбилейы фӕдыл ӕмӕ ӕрхуыдта ӕрӕмбырдуӕвджыты университеты юбилеймӕ, кӕцы нысан кӕндзысты 11 октябры.Цытджын мадзалы ХИПУ-йы суазӕг кодтой Цӕгат Кавказы федералон университеты ректор Дмитрий Беспаловы. Уый йӕ раныхасы банысан кодта, дыууӕ уӕлдӕр ахуыргӕнӕндоны хсӕн кӕй ис ӕнгом ӕмгуыстады тӕгтӕ ӕмӕ сӕ ноджыдӕр рауӕрӕх кӕндзысты.
https://sputnik-ossetia.com/20220905/mkhm-raysta-rvyl-sutkyy-khakhkhnynadm-khussar-iry-akhuyrgnndtt-18681184.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/09/05/18681761_33:0:2764:2048_1920x0_80_0_0_0e2129c6f536733cbd4a63b0742ab664.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны, хипу, бæрæгбон
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны, хипу, бæрæгбон
ЦХИНВАЛ, 5 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты банысан кодтой Зонындзинӕдты бон. Сӕдӕгай студенттӕ раздӕхтысты сӕрдыгон улӕфтыты фӕстӕ ахуырмӕ. Бӕрӕгбонӕнмӕ фӕуазӕг президент Гаглойты Алан.
Иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ ссардтой Беслӕны амӕттӕгты рухс нӕмттӕ. Уӕд трагедийы амӕттаг фесты 334 адӕймаджы, уыдонӕй 186 - сабитӕ.
Цытджын мадзӕлттӕ райдыдтой ирон кафт "Хонгӕ"-йӕ. Симды бацыдысты уӕлдӕр ахуыргӕнӕндоны ансамблы кафджытӕ, кӕцыйӕн разамынд дӕтты Ӕлборты Гемир.
"Сентябры фыццаг бонтӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ фӕриссын кодтой, фӕлӕ удӕгасты хъӕуы цӕрын. Абон нын у стыр бӕрӕгбон. Сымах макуы рох кӕнут, кӕй уӕй хъӕуы ахуыр ӕмӕ ахуыр", - загъта ирон литературӕзонӕг, профессор Плиты Гацыр.
Паддзахады разамонӕг дӕр загъта хорз ахуыр ӕмӕ ӕнтыстыты фӕндиӕгтӕ ахуырдзаутӕн.
"25 азы размӕ ӕз дӕр уыдтӕн фыццагкурсонты нымӕцы. Мӕ фарсмӕ сты лектортӕ, кӕцытӕм ахуыр кодтон мӕхӕдӕг. Ӕцӕг дӕр нӕ университет у хуыздӕртӕй иу, ма дызӕрдыг кӕнут ууыл", - загъта президент.
Паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим бузныг загъта фыццагкурсонтӕн, кӕй равзӕрстой ахуырӕн Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр ахуыргӕнӕндон, раарфӕ кодта студентон клуб "Аполлон"-ӕн сӕ 50 азы юбилейы фӕдыл ӕмӕ ӕрхуыдта ӕрӕмбырдуӕвджыты университеты юбилеймӕ, кӕцы нысан кӕндзысты 11 октябры.
Цытджын мадзалы ХИПУ-йы суазӕг кодтой Цӕгат Кавказы федералон университеты ректор Дмитрий Беспаловы. Уый йӕ раныхасы банысан кодта, дыууӕ уӕлдӕр ахуыргӕнӕндоны хсӕн кӕй ис ӕнгом ӕмгуыстады тӕгтӕ ӕмӕ сӕ ноджыдӕр рауӕрӕх кӕндзысты.