Уæрæсейы минæварады дыууæ кусæджы фæмард сты срæмыгъды фæстиуæгæн Кабулы

© © Александр Хроленко Кабул, архивон къам
 Кабул, архивон къам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 сен - Sputnik. Афганистаны сæйраг горæты Уæрæсейы минæварады консулон хайадмæ бахизæны цур срæмыгъды фæстиуæгæн фæмард сты дипмиссийы дыууæ кусæджы, хъусын кæны РИА Новости УФ фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадыл æнцойгæнгæйæ.
Раздæр фехъусын кодтой, срæмыгъды фæстиуæгæн минæварады кусджыты хсæн кæй ис бахъыгдардуæвджытæ.
"Фæндзæм сентябры 10.50 сахатыл кабулаг рæстæгмæ гæсгæ Уæрæсейы минæварады консулон хайадмæ бахизæны цур æбæрæг гоймаг спырх кодта рæмудзæн æрмæг", - фехъусын кодтой ФХМ.
"Атакæйы фæстиуæгæн фæмард сты дипмиссийы дыууæ кусæджы, афгайнаг æмбæстæгты хсæн дæр ис зианбаййафджытæ", - бафтыдтой министрады.
Кабул - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.09.2022
Уæрæсейаг минæварады цур Кабулы æрцыд срæмыгъд, бахъыгдард сты дипмиссийы кусджытæ
2021 азы августы змæлд "Талибан"* бацахста Кабул æмæ фехъусын кодта хицауадон æфсæдтимæ хæсты фæуды тыххæй. 31 агвусты æхсæвы америкæйаг æфсæддонтæ ацыдысты Кабулы аэропортæй, уый фæдыл фæцис Америкæйы 20-азон æфсæддон уæвынад Афганистаны.
* Змæлд ис ИНО санкциты бын террористон архайды тыххæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0