https://sputnik-ossetia.com/20220905/uyryssag-klas-ama-minavary-arfa-kuyd-banysan-kodtoy-leningory-zonyndzinadty-bon-18693492.html
Уырыссаг кълас ӕмӕ минӕвары арфӕ: Куыд банысан кодтой Ленингоры Зонындзинӕдты бон
Уырыссаг кълас ӕмӕ минӕвары арфӕ: Куыд банысан кодтой Ленингоры Зонындзинӕдты бон
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 5 сен – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Уырыссаг скъола Ленингоры поселочы республикӕйы иннӕ ахуырадон уагдӕтты ӕмрӕнхъ ӕрбайгом кодта йӕ дуӕрттӕ... 05.09.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-09-05T15:06+0300
2022-09-05T15:06+0300
2022-09-05T15:06+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
ахуырад
бæрæгбон
ленингоры район
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/09/05/18687694_0:61:3424:1987_1920x0_80_0_0_a34ba249e9aa978d23f419a53222769d.jpg
ЦХИНВАЛ, 5 сен – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Уырыссаг скъола Ленингоры поселочы республикӕйы иннӕ ахуырадон уагдӕтты ӕмрӕнхъ ӕрбайгом кодта йӕ дуӕрттӕ ахуырдзаутӕн. Скъолайы ис 85 сывӕллоны, фыццаг хатт йӕ къӕсӕрӕй бахызтысты аст фыццагкъласоны.Ахуырдзаутӕн раарфӕ кӕнынмӕ ӕрбацыдысты Хуссар Ирыстоны уӕвӕг Уӕрӕсейы минӕвадары кусджытӕ минӕвар Марат Кулахметовы сӕргълӕудӕй, районон администрацийы разамынад.Уӕрӕсейаг минӕвары цӕст бауарзта сывӕллӕттӕн уарзын зонындзинӕдты галуан, ӕмӕ мацӕмӕй тӕрсгӕйӕ размӕ цӕуын.Уӕлдай бузныг уый загъта ахуыргӕнджытӕн сӕ фыдӕбон ӕмӕ сабитӕм уарзондзинады тыххӕй.Ахуырдзаутӕн ӕмӕ ахуыргӕнджытӕн ма раарфӕ кодта районы сӕргълӕууӕг Гӕджиты Иларион дӕр ӕмӕ сын загъта иууыл хуыздӕр фӕндиӕгтӕ.Бӕрӕгбон нынкъард кодта трагикон цау - аварийы фӕстиуӕгӕн ацы бонты фӕмард скъолайы ахуырдзаутӕй иу. Иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ ссардтой уый, Беслӕны амӕттӕгты ӕмӕ Уӕрӕсейы сӕрмагонд операцийы фӕмардуӕвӕг ирон хӕстонты рухс нӕмттӕ. Мадзалы кӕронбӕттӕны уазджытӕ федтой скъолайы уырыссаг кълас. Скъолайы директор Битарты Лали куыд радзырдта, афтӕмӕй скъола райста уырыссаг ӕвзаджы ифтонг кълас Уырыссаг гуманитарон миссийӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ахуырад, бæрæгбон, ленингоры район
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ахуырад, бæрæгбон, ленингоры район
Уырыссаг кълас ӕмӕ минӕвары арфӕ: Куыд банысан кодтой Ленингоры Зонындзинӕдты бон
ЦХИНВАЛ, 5 сен – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Уырыссаг скъола Ленингоры поселочы республикӕйы иннӕ ахуырадон уагдӕтты ӕмрӕнхъ ӕрбайгом кодта йӕ дуӕрттӕ ахуырдзаутӕн. Скъолайы ис 85 сывӕллоны, фыццаг хатт йӕ къӕсӕрӕй бахызтысты аст фыццагкъласоны.
Ахуырдзаутӕн раарфӕ кӕнынмӕ ӕрбацыдысты Хуссар Ирыстоны уӕвӕг Уӕрӕсейы минӕвадары кусджытӕ минӕвар Марат Кулахметовы сӕргълӕудӕй, районон администрацийы разамынад.
Уӕрӕсейаг минӕвары цӕст бауарзта сывӕллӕттӕн уарзын зонындзинӕдты галуан, ӕмӕ мацӕмӕй тӕрсгӕйӕ размӕ цӕуын.
"Абон сывӕллӕттӕ бахиздзысты скъолайы къӕсӕрӕй, кӕцыйы стӕй уарзгӕйӕ мысдзысты кӕддӕриддӕр. Фӕнды мӕ уыдонӕн зӕгъын ӕнтыстытӕ ӕмӕ фӕрныгад. Уӕ зӕрдыл дарут - скъолайы ӕзтӕ сты ииуыл хуыздӕр ӕзтӕ", - банысан кодта Кулахметов.
Уӕлдай бузныг уый загъта ахуыргӕнджытӕн сӕ фыдӕбон ӕмӕ сабитӕм уарзондзинады тыххӕй.
Ахуырдзаутӕн ӕмӕ ахуыргӕнджытӕн ма раарфӕ кодта районы сӕргълӕууӕг Гӕджиты Иларион дӕр ӕмӕ сын загъта иууыл хуыздӕр фӕндиӕгтӕ.
Бӕрӕгбон нынкъард кодта трагикон цау - аварийы фӕстиуӕгӕн ацы бонты фӕмард скъолайы ахуырдзаутӕй иу. Иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ ссардтой уый, Беслӕны амӕттӕгты ӕмӕ Уӕрӕсейы сӕрмагонд операцийы фӕмардуӕвӕг ирон хӕстонты рухс нӕмттӕ. 
Мадзалы кӕронбӕттӕны уазджытӕ федтой скъолайы уырыссаг кълас. Скъолайы директор Битарты Лали куыд радзырдта, афтӕмӕй скъола райста уырыссаг ӕвзаджы ифтонг кълас Уырыссаг гуманитарон миссийӕ.