Запорожьейы хицауад фехъусын кодта МАГАТЭ-йы миссийы фæуды датæ ЗАЭС-ы

© Sputnik / Константин Михальчевский /  Ахизын медиабанкмæМисси МАГАТЭ
Мисси МАГАТЭ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 сен - Sputnik. МАГАТЭ делегаци ацæудзæн Запорожаг АЭС-æй 6 сентябры. Уый тыххæй РИА Новости фехъусын кодта Запорожаг змæлд "Мы вместе с Россией"-ы сæрдар, регионы ног æфсæддон-æмбæстагон администрацийы сæйраг советы уæнг Владимир Рогов.
"Делегаци ма 5 сентябры бакусдзæн, уый фæстæ йæ мисси фæуд кæны, 6 сентябры уыдон ацæудзысты. Уыдонæн бакондæуыд алыварсон æххуыс. Нæ интересты ис, цæмæй АЭС уавæрæн лæвæрд æрцæуа объективон æмæ раст аргъ", - загъта уый.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ атомон станцы ис делегаци 13 адæймаджы скондæй.
Украинæйаг æфсæддонтæ иудадзыг æхсынц Энергодар, хæстæг хъæутæ æмæ горæты цур Запорожаг АЭС территори. Æртыццæджы уыдон фехстой атомон станцы район æхсæз сармадзанæй, станц йæхæдæг нæ бахъыгдард.
Ног хабӕртты лентӕ
0