Хур арты куы басыгъд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Хур арты куы басыгъд
Хъусут аудиочиныг "Хур арты куы басыгъд"-мæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

12. Цыппарсæрон сау калм. Санахъоты Мате. Чысыл Габе æмæ сывæллæттæ

12. Цыппарсæрон сау калм. Санахъоты Мате. Чысыл Габе æмæ сывæллæттæ.
Рафыссын
Удхор сау калм ахæм стыр уыд, æмæ, Гурæй Цхинвалмæ цы фæндаг уыд, уый бамбæрзта. Калмæн цыма йæ цыппар сæр уыдысты, афтæ сау-сауид бæхтыл Ной Жордания, Валикъо Джугели, Николай Чхеидзе æмæ Акаки Чхекели фæрсæй-фæрстæм фæцæуынц æмæ сау æфсад сæ фæстæ фæласынц Ирыстоны ᾿рдæм.
Ручъы комы ᾿рдæм рахæцыдысты Мате æмæ йе ᾿фсад. Гуфтайæ куы ахызтысты, уæд сæм кæртуллаг хъæутæй сæдæмæ æввахс барæджы рахызт хæцæнгæрзтимæ æмæ сæ разы балæууыдысты. Уый уыдис йæ хорз æмбал – Курта, Кемерет æмæ Тамарайы хъæуты милицæй хистæр Дато. Зæрдæ йын бавæрдта се ᾿вварс кæй сты.
Судзгæ хъæутæй цы мæгуыр сывæллæттæ алыгъдысты, уыдон тынг тыхс уавæры уыдысты. Бирæгътæ сæ фæстæ зылдысты. Иу чысыл сывæллонмæ фæкомкоммæ сты æмæ йыл сæхи ныццавтой. Габе топп фелвæста æмæ дзы уæлæмæ иу æхст фæкодта. Бирæгътæ апырх сты, фæлæ та æввахсæй-æввахсдæр кæнынц. Уæдмæ кæцæйдæр цæстыфæныкъуылдмæ фыранк рагæпп кодта æмæ бирæгъты раздзогыл йæхи ныццавта.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Бежанты Æхсары чиныг "Хур арты куы басыгъд".
Ног хабӕртты лентӕ
0