Дæлимонты таурæгътæ. Ус-бирæгъ. Мæгуыр лæг æмæ хæйрæджытæ. Хæйрæг мæнæуы куыд сайдта

Дæлимонты таурæгътæ
Рафыссын
Ацы хабар мын радзырдта Борситы мæгуыр Копа — рухсаг уæд. Иу хатт, зæгъы, ме ’мбал Батырсаимæ фос хызтам Карцайы. Батырсайы дзугимæ уыдысты Басилты фос дæр. Хъуыддаг уыди фæззыгон бон. Хур изæрырдæм акъул. Батырсаимæ нæ фæнд уыди фос цæхджын дæттæм бауадзын, уымæн æмæ цæххы хъæстæ рагæй нал фесты. Æртардтам сæ цæхджын дæттæм, уæдæ куыд уыдаид, уым сæ ныууагътам, нæхæдæг, сæ фарсмæ иу гыццыл хъæд ис, æмæ уырдæм бацыдыстæм, — дæтты цур змæлæг нæ уыд, æмæ цæмæй тарстаиккам нæ фосæн.
Хъæды иу дзæвгар куы фестæм, уæд раздæхтыстæм нæ фосмæ, цæмæй сæ аздахæм цæхджын дæттæй. Æрбацыдыстæм æмæ уынæм æбуалгъы диссаг. Басилты фос цыдæр ныццагъта æмæ сын сæ мæрдтæ байтыдта сæрвæты. Диссагдæр та уый уыд, æмæ Батырсайæн йæхи фосæй сæныччы хъус дæр нæ фæхъуыд, афтæ мæ дзутæй дæр, — нæ фос хицæн рæтты стымбыл сты.
Уалынмæ Батырса ауыдта стыр цъæх бирæгъ — фæцæуы йæхицæн. Батырса загъта, зæгъгæ, ам цыдæр хины хъуыддаг ис, æндæр Басилты фыстæ цагъды куыд фесты, мах фос æнæвнæлдæй куы баззадысты, уæд. Уый бирæгъы куыст уа, уый гæнæн нæй, кæд уартæ æвирхъау сырды мæхи цæстытæй уынын, уæддæр. "Цыдæриддæр уа, æз æй хъуамæ базонон", — загъта Батырса. Йæ фос мæныл бафæдзæхста, йæхæдæг лæдзæг æмæ топп айста æмæ бирæгъы фæдыл араст и.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0