Гаглойты Роберт Царциаты горæты къæхтыты тыххæй: куыстытæ адарддæр уыдзысты

© SputnikАрхеологон къæхтытæ Эдысы
Археологон къæхтытæ Эдысы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 сен - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Зонад-Иртасӕн институты едысаг къорды археологион экспедицийы артефакттæ хъæуы сахуыр кæнын æмæ сæ уый фæстæ ратдзысты музеймæ. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта ЗИИ директор Гаглойты Роберт.
Иртасӕн къорд куыста 8-26 августы. Уыдон ахуыр кодтой астӕуккаг ӕнусты горӕт Царциаты. Къордæн разамынд дæтта историон зонӕдты доктор Дзаттиаты Руслан. Ахуыргæндтæ фыццаг нæ кусынц ацы регионы - 1970-æм æзты уыдон ам ссардтой 14 алайнаг зæппадзы.
"Нырма ахуыр цæуынц ссарæггæгтæ. Хъыгагæн, нæхимæ нæй лаборатори, уымæ гæсгæ сæ фервитæм Цæгат Кавказы республикæтæм, Мæскуы æмæ Санкт-Петербургмæ", - загъта Гаглойты Роберт.
Уый ма банысан кодта, цы ссардтой, уыдон уадиссаг ахадгæ кæй не сты, фæлæ уымæй ахсджиагдæр у, ацы бынаты археологон куыст кæй срæвдз ис, уый.
"Куыст адарддæр уыдзæн, ныр та къахт цæудзæн йæхæдæг горæт æмæ зæппæдзтæ", - баххах кодта уый.
Царциаты горæты археологон къӕхтытӕ цыд ивгъуыд æнусы 80-æм азы онг. Уӕд дӕр ссардтой бӕстон зонӕнтӕ. Дзаттиаты Русланӕй дарддӕр ма ам куыста Тъехты Баграт дӕр.
 Едыс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.08.2022
Хуссар Иры ЗИИ срӕвдз кодта археологон экспедици астӕуккаг ӕнусы горӕт сахуыр кӕнынмӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0