Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады райдыдта мулчы инвентаризаци

© Пресс-служба Минобороны РЮОХуссар Иры хъахъхъӕнынады министрады территори
Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министрады территори - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрады уагъд цӕуы мулчы инвентаризаци, къамис йӕ куыст уадзы сфидаргонд графикмӕ гӕсгӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
Министрады куыд радзырдтой, афтӕмӕй къамисы скондмӕ бацыдысты министры хӕдивджытӕ, уагдоны хайӕдты ӕмӕ службӕты сӕргълӕуджытӕ, контролон-нымайӕн палатӕйы минӕвӕрттӕ.
Хъахъхъӕнынадон уагдоны ма бафтыдтой, инфентаризацийы фӕстиуджыты тыххӕй сфидаргонд ӕмгъуыдмӕ хыгъдлӕвӕрд кӕй ратдзысты министр Марат Павловӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0