Паддзæхты таурæгътæ. Ос-Бæгъатыр æмæ Цæразонтæ. Тамар мой куыд скодта

Паддзæхты таурæгътæ
Рафыссын
Цæразонæн уыди авд фырты, куыд хъуыстон хистæртæй, афтæмæй. Цæразон йæхæдæг базæронд, æмæ иу хатт йæ фырттæ авдæй хос карстой. Цæразон афтæ базæронд, æмæ-иу йæ дыууæ хæдбыны йæ иу къахыл скодта. Чындзытæ йæм нæ уæндыдысты сдзурын. Уæд чындзытæ йæ фырттæм арвыстой, уæ фыд базæронд, зæгъгæ.
Йæ фырттæй йæм иу æрцыд, йæ цæвæг ныссагъта, афтæмæй йæ фæрсы: — Цы кæныс, мæ фыд? — Цы ма кæнон, мæ чындзытæ мын мæ иу дзабыр бамбæхстой. — Алæма, кæцы къахы дзабыр у, — зæгъгæ, загъта фырт, æндæр æм нæ уæндыд, йæ дзабыртæ иу къахыл скодта, уый зæгъын.
Уæд фырт федта фыды къах æмæ загъта: — Баба, дæхæдæг куы фæрæдыдтæ, дыууæ дзабыры иу къахыл куы скодтай мæнæ. — Уæдæ ацу ныр æмæ фыййаумæ ссу æмæ далыс ахæсс æмæ йæ Мыкалгабыры бын [2] аргæвд: Цæразоны цæрын нал фæнды!
Йæхæдæг рацу-бацу кодта йæ зæрдæйы дзæбæхæн, иу ран сывæллæтты ауыдта æмæ сын загъта: — Акæсут, Мыкалгабыры бынæй фæздæг ссыди æви нæма? Фæздæг ссыди, уый куы базыдта, уæд бацыд хæдзармæ æмæ загъта: — Гъеныр мын хуыссæн æрæвæрут хæдзары лæгъзы!
Уым ын хуыссæн æрæвæрдтой, лæг йæхиуыл дзуар бафтыдта æмæ амарди.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0