Цӕттӕ сты ӕмгуыстадмӕ - Хуссар Иры ӕвзонг дипломат Казаны ӕхсӕнадӕмон форумы тыххӕй

© Пресс-служба МИД РЮОӔвзонг дипломатты фӕндзӕм глобалон форум Казаны
Ӕвзонг дипломатты фӕндзӕм глобалон форум Казаны - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ӕвзонг дипломатты фӕндзӕм глобалон форумы архайджытӕй бирӕтӕ равдыстой хъӕппӕрис Хуссар Ирыстонимӕ иумӕйаг мадзӕлттӕ уадзыны фӕдыл культурӕ ӕмӕ ахуырады фадыджы, фехъусын кодта Sputnik форумы архайджытӕй сӕ иу Коцты Алана.
Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ хайад райстой ӕвзонг дипломатты форумы Казаны. Делегацийы сконды уыдысты Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады кусджытӕ Гаглойты Сослан ӕмӕ Тедеты Герман, афтӕ ма МГИМО-йы философийы кафедрӕйы кусӕг Коцты Алана.
"Мах радзырдтам нӕ бӕстӕйы истори ӕмӕ культурӕйы тыххӕй, фехуыдтам нӕ рӕсугъд бӕстӕмӕ, Хуссар Ирыстонмӕ, делегатты. Бирӕ делегаттӕ равдыстой хъӕппӕрис иумӕйаг культурон мадзӕлттӕ ауадзыны фӕдыл", - загъта Коцты Алана.
Ӕвзонг дипломатты форумы Коцты Алана йӕхӕдӕг дӕр ралӕууыд докладимӕ.
Форумы архайдтой 120 дипломаты дунейы 40 бӕстӕйӕ.
Форум Евразия Global - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.06.2022
"Фӕзынд мотиваци": Хуссар Иры минӕвӕрттӕ форум "Евразия Global"-ы тыххӕй
Ног хабӕртты лентӕ
0