УФ ӕфсӕддонтӕ иу суткӕмӕ скуынӕг кодтой ӕртӕ украинӕйаг штабы - хъахъхъӕнынады министрад

© Sputnik / Константин Михальчевский /  Ахизын медиабанкмæ"Азовсталь"
Азовсталь  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 сен – Sputnik. Иу суткӕмӕ уӕрӕсейаг ӕфсад скуынӕг кодта ӕртӕ украинӕйаг штабы, 52 артиллерион дӕлхайады, афтӕ ма гарзӕг "Бук-М1". Уый тыххӕй хъусын кӕны УФ хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.
"Иу суткӕмӕ ныппырх сты УГТ ӕртӕ фӕткдаруатон пункты, сӕ нымӕцы 14-ӕм механизацигонд бригадӕ Харьковы областы Каменная Яругайы районы, 102-ӕм бригадӕйы командон-цӕстдарӕн пункт Запорожаг областы Полтавкайы, афтӕ ма 52 дӕлхайӕдтӕ, удӕгас тых ӕмӕ УГТ ӕфсӕддон техникӕ 161-ӕм районы", - фехъусын кодта хъахъхъӕнынадон министрад.
Уымӕй дарддӕр ма иу суткӕмӕ ӕрӕппӕрстой 12 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, ракетӕ "Точка-У" ӕмӕ залпон ӕхсты реактивон системӕ "HIMARS"-ы 11 гарзӕджы.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 290 хӕдтӕхӕджы, 152 вертолеты, 1889 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 373 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 4845 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 825 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3369 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 5343 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0