Дæлимонты таурæгътæ. Къæрных æмæ хæйрæг. Къусхаты уæйыг. Саккаты уæйгуыты фынæй

Дæлимонты таурæгътæ
Рафыссын
Къусхатæм фæцайдагъ сæ уæйыг æмæ сæ алы аз дæр иста хъалонтæ, чызг æмæ лæппу алы хæдзарæй дæр. Афтæмæй хъæу тынг фæлмæцыдысты, суанг ма нæ ауæрста сылгоймæгтыл дæр.
Уæд дын иу зæронд лæг æрæмбырд кодта хъæубæсты, сарæзтой ныхас Къусхаты хистæртæ, цæмæй исты амалæй амарой уæйыджы. Уæйыг лымæн цы устытæн уыд, уыдонæй сæ иу ракъахта уæйыджы, зæгъгæ, дæ мæлæт цæмæй у? Уæйыг загъта: "Æз ницæмæй амæлдзынæн, кæд мæ арв ныццæва, æмæ уымæй амæлон, æндæр. Æрмæст арвыл куыддæр мигъ æрбабада, афтæ мæхи куынæ бафснайон, уæд мын æнæмæлгæ нæй".
Хъæу сарæзтой стыр бæгæнытæ, арвыстой Къусхаты хистæртæ сæ уæйыгмæ æмæ йæ куывдмæ æрхуыдтой. Айтæ-уыйтæ нал фæкодта Къусхаты хистæр лæг æмæ йæ кæрц зыгъуыммæ скодта, йæхæдæг стыр къамбецы тъанг суагъта кæрцæй хæдоны астæу йæ гуырмæ. Нуæзтой, уæдæ цы уыдаид! Нуазгæ та кодтой къæртайæ. Уæйыгмæ цы нуæзт цыд, уыдон быннуæзт кодта, фæлæ хинæйдзаг зæронд лæгмæ цы нуæзт хауд, уыдон-иу ауагъта тъанджы, æмæ-иу ныффардæг нуæзт бинаг хæдзары быркуымæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0