Дæлимонты таурæгътæ. Лæджийы фырт Дзамболат

Дæлимонты таурæгътæ
Рафыссын
Лæджийы фырт Дзамболат уыди хорз цуанон. Араст кодта иу бон цуаны, бацыди сау комы бынмæ: уым фæцуан кодта бонизæрмæ, амардта æстдæссион саг. Изæр ыл талынг байдыдта, æмæ уыцы ран æрæхсæвиуат кодта.
Саг акъæртт кодта æмæ дзы физонджытæ скодта, бахордта, стæй йæ нымæт йæ уæлæ байтыдта.
Æмбисæхсæв куы фæци, уæд комы рæбынæй цъæхахст цæуы. Дзамболат æм хъусы. Уалынмæ йæм куыд æввахс байдыдта хæйрæг, афтæ йæм хæйрæг хъæр кæны: — Лæджийы фырт Дзамболат, мæ лæппуйы мын бирæгъ фескъæфы, фæлæ де уазæг фæуæд, ма мын æй ауадз, исты хос ын скæн.
Æрæмбæхсти Лæджийы фырт Дзамболат æмæ йæм кæсы: хæйрæджы лæппуйы раскъæфы бирæгъ йæ дзыхы. Куы рахæццæ ис бирæгъ йæ размæ, уæд æй æркъуырцц ласта Дзамболат, бирæгъ фæуæлгоммæ ис, лæппу йæ дзыхæй ахауди.
Æрызгъордта йæм Дзамболат лæппумæ æмæ йæ хъуамæ фелвæстаид йæ къухмæ. Уæд æм хæйрæг дæр хъæр кæны: — Ма бавнал, Лæджийы фырт, уæд дзы мæнæн æфтиаг нал ис, дæ къухтæ йæм куы бахæццæ уой, уæд. Лæджийы фырт дæр æй фæуагъта.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0