Хуссарирыстойнаг чызг-боксер рамбылдта профессионалон турнир Калининграды

© Sputnik / Natalia Airiyan Лела Терашвили
Лела Терашвили - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстонӕй боксер Терашвили Лела рамбылдта профессионалон турнир "Балтийаг ринг" Калининграды. Чызг дыууӕ азы фӕстиаты фӕстӕ фыццаг хатт рахызт рингмӕ.
24-аздзыд спортсменкӕйӕн йӕ профессионалон карьерӕйы рӕстӕг бантыст рамбулын Цӕгат Ирыстоны фыццагад, ӕппӕтуӕрӕсейон ерыстӕ "Юность России", профессионалон турнир Цхинвалы.
"Зыдтон ӕй, бынӕттон спортсменкӕ Алла Сергееева кӕй уыдзӕн мӕ ныхмӕлӕууӕг ӕмӕ мӕхи аккаг бацӕттӕ кодтон. Уый ӕхсӕз аз уыд мӕнӕй хистӕр, фидар чызг. Фӕлӕ йӕ ӕхсӕзраундон фембӕлды рамбылдтон", - загъта Sputnik спортсменкӕ йӕхӕдӕг.
Терашвили Лела турниры размӕ цӕттӕ кодта Хуссар Ирыстоны боксы скъолайы директор Кокойты Мурӕтмӕ, уыймӕй размӕ та йӕ тренер уыд Гӕбӕраты Гамлет.
Ног хабӕртты лентӕ
0