УКТ скуынæг кодтой америкæйаг контрбатарейон станц Украинæйы - УФ хъахъхъæнынады министрад

© Sputnik / Валентин Капустин /  Ахизын медиабанкмæАэродром
Аэродром - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 сен – Sputnik. Ивгъуыд суткæ Уæрæсейы Уæлдæфон-Космикон тыхты (УКТ) оперативон-тактикон авиаци ныццавта украинæйаг æфсады 47 артиллерион дæлхайæдты, кæцытæ æрбынат кодтой Донецкаг адæмон республикæйы.
"Дарддæр цæуы оперативон-тактикон æмæ æфсæддон авиацийы, афтæ ма ракетæйон æфсад æмæ артиллерийы æхст Украинæйы территорийыл æфсæддон объекттæм. Иу суткæмæ фæцæф кодтой УГТ æхсæз фæткдаруатон пункты Харьковы областы цæрæн пункттæ Чугуев, Дергачи, Пришиб, Донецкы адæмон республикæйы Артемовск, Соледар, Кураховойы. Афтæ ма 47 артиллерион дæлхайæдты, удæгас тыхтæ æмæ УГТ техникæ 143-æм районты", - дзырдæуы министрады хъусинаджы.
Уымæй дарддæр ма ДАР скуынæг кодтой залпон æхсты украинæйаг системæ "Ольха"-мæ реактивон сармадзанты рауагъдады цехтæ.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 292 хӕдтӕхӕджы, 152 вертолеты, 1897 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 373 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 4855 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 825 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3369 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 5360 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0