Хур арты куы басыгъд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Хур арты куы басыгъд
Хъусут аудиочиныг "Хур арты куы басыгъд"-мæ Sputnik Хуссар Ирыстоны

14. Ароны фыстæг. Кæрон

14. Ароны фыстæг. Кæрон.
Рафыссын
3 февраль, 1921 аз. Мæскуы. Кремлы иу агъуысты æрбынат кодта Уырысы компартийы нациты хъуыддæгты фæдыл комитет. Æнæнхъæлæджы уазæн æрбафтыд – чысыл лæппу. Уый уыд чысыл Габе – йæ салд къухтæй Ароны фыстæгыл фидар хæцы. Габе æнæ ныхасæй бацыд æмæ, йæ къухы цы фыстæг уыди, уый бадардта рихиджын лæгмæ. Фыстæг уыд фыст иронау, æмæ йæ рихиджын лæг бамбæрста, кæй къухæй фыст у, уый. Фыстæг каст фæцис, уый фæстæ нывнæлдта æмæ фынджы бынæй сугæй лулæ систа, тамакойæ – над. Ссыгъта йæ æмæ сдымдта, рудзынгмæ кæсгæйæ.
1937 аз, Тифлис. Советон Гуырдзыйы Мидхъуыддæгты адæмон комиссариат. Рутенæн йæ хуызæй ницыуал баззад. Агъуысты кæрты йæ уымæл зæххыл æрæппæрстой. Æнæсым уыд йæ алыварс æмæ дзы мæлæты комы тæф зылд. Рутены зæрдæйы ацы æнæсымдзинад сæвзæрын кодта æвзæр разæнкъарæнтæ æмæ йæ иу рæсыд цæсты тъыфылтæ йæ тых куыд амыдта, афтæ бакодта. Йæ алыварс йе ᾿рдхæрдтæ – Иры Националон Советы уæнгтæ. Кæй-иу базыдта, уый ном-иу, куыд йæ бон уыд, афтæ хъæрæй загъта:
– Ме ᾿фсымæр Мате.
– Ме ᾿фсымæр Бидзина.
– Ме ᾿фсымæр Алыксандр…
Æнæнхъæлæджы фæстейæ фæцыд гæрах, æмæ ма Уас Рутены иу цæсты арфы цы зынджы мур сыгъд, уый дæр æнустæм ахуыссыд.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Бежанты Æхсары чиныг "Хур арты куы басыгъд".
Ног хабӕртты лентӕ
0