Дзуæрттæ æмæ кувæндæтты таурæгътæ. Чи у кадджындæр ирон адæмæн сæ дзуæрттæй?

Дзуæрттæ æмæ кувæндæтты таурæгътæ
Рафыссын
Иу хатт куы уыди, уæд балцы фæцæуынц дзуæрттæ: Хуыцауы-дзуар, Уастырджи, Тбау-Уацилла , Аларды æмæ Хор-Уацилла. Уыди фæззæг. Иу ран сыл æризæр. Бæхæй, дзуарæй бафæлмæцыдысты, æхсæвæрыл уыди сæ сагъæс. Уæд кæсынц, æмæ иу фæзы фыййау хизы стыр фосы дзуг. Дзуæрттæ сфæнд кодтой æхсæвæрæн уымæй иу уæрыкк ракурын. Бæхтæй æрфистæг сты, арт скодтой, стæй фыййаумæ курæг арвыстой Хуыцауы-дзуары. Уый бацыд фыййаумæ æмæ йæм дзуры:
— Дæ фос — бирæ, хорз фыййау. — Арфæгонд у, — дзуапп ын радта фыййау. — Бæлццон адæм стæм, дард фæндагыл цæуæм, фæндаггагæй немæ ницы ис, æмæ дæ иу уæрыкк курæг дæн. — Уæрыкк раттын æмбисонд нæу, — загъта фыййау, — фæлæ хъуыддаг афтæ у: мæ фыд, ме ’фсымæртæ алы фæндаггонæн дæр лæвæрдтой фыр, фæлæ сын бузныг ничи загъта. Æз дын уæрыкк ратдзынæн, фæлæ мын ды хъуамæ зæгъай, чи дæ, уый. — Æз дæн Хуыцауы-дзуар, — загъта æмæ ныссомы кодта, цæмæй йыл фыййау баууæнда.
— Хорз, æууæндын дæ ныхасыл, — загъта йын фыййау. — Мæгуыр лæгæн хорз ракæнын удыбæстæ у, фæлæ Хуыцауы-дзуарæн æз ницы ратдзынæн. — Ау, цæмæн афтæ? — бадис кодта Хуыцауы-дзуар.
— Цæмæн куы зæгъай, уæд ды раст нæ тæрхон кæныс, æмæ уымæн: хъæздгуытæн фарсласæн кæныс, æмæ уыдонæн сæ мулкыл мулк æфты, мæгуыртыл та мæгуыры уаргъ æвæрыс. Нæ, ды адæмæн æмхуызон нæ дæ. Уымæ гæсгæ мæнмæ дæуæн кусæрттаг нæй, фæлæ дæ фæндаг дар.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0