Гаглойты Алан: "Хъæрæсе-Черкесы адæмæн мæ зæрдæ зæгъы ног æнтыстытæ æмæ дарддæры размæцыд"

© Photo : Пресс-служба президента РЮОГаглойты Алан
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан хайад райста Хъæрæсе-Черкесы республикæйы сæдæ азы юбилейы цытæн мадзæлтты, хъусын кæны паддзахады разамонæджы пресс-службæ.
Гаглойты Алан раарфæ кодта Хъæрæсе-Черкесы цæрджытæн, уый сын загъта сабырдзинад æмæ ног æнтыстыты фæндиæгтæ.

"Арфæ кæнын бирæнацион Хъæрæсе-Черкесы цæрджытæн Уæрæсейы сконды сæ республикæйы бындурæвæрды сæдæ азы цытæн. Республикæйы къахыл слæууын кæнын у уæззау фæндаг, цы ран канд уæлахизтæ нæй, фæлæ зындзинæдтæ дæр, æмæ сымахæн бантыст сæ сæртыл рахизын куыстуарзондзинад æмæ кæрæдзи æмбарыны фæрцы", - загъта уый.

Гаглойты Алан банысан кодта, Хъæрæсе-Черкесы республикæ кæй у размæ цæугæ регион хорз климат, æрдзон ресурстæ æмæ уникалон этнокультурон бынтимæ.
"Хъæрæсе-Черкесы республикæйы курорттæ хъуыстгонд сты республикæйæ дарддæр. Уæ адæмæн мæ зæрдæ зæгъы ног æнтыстытæ æмæ фæрныгад", - бафтыдта уый.
© Photo : Пресс-служба президента РЮОХуссар Ирыстоны делегаци хайад исы Хъæрæсе-Черкесы республикæйы сæдæ азы юбилейы цытæн мадзæлтты
Алан Гаглоев - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.09.2022
Хуссар Ирыстоны делегаци хайад исы Хъæрæсе-Черкесы республикæйы сæдæ азы юбилейы цытæн мадзæлтты
РХИ раздзог ма бафтыдта, Хуссар Ирыстоны æмæ Хъæрæсе-Черкесы хсæн кæдфæндыдæр кæй уыд хæларадон ахастытæ.

"Нæ адæмты хсæн хæларадон ахастытæн ис дæргъвæтин истори. Хуссар Ирыстоны зæрдыл дарынц, ам кæй цард æмæ куыста ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста", - загъта уый.

Хуссар Ирыстоны делегаци хайад исы Хъæрæсе-Черкесы республикæйы сæдæ азы юбилейы цытæн мадзæлтты.
Ног хабӕртты лентӕ
0