Гаглойты Алан раарфӕ кодта Хуссар Иры финансисттӕн сӕ бӕрӕгбоны цытӕн

© Sputnik / Natalia AiriyanГаглойты Алан
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 сен — Sputnik. Бӕстӕйы ӕнтыстджын размӕцыдӕн уӕвӕн нӕй ӕнӕ паддзахадон финансон системӕйы фӕстиуӕгджын куыстӕй, банысан кодта президент Гаглойты Алан йӕ арфӕйы Финансисты боны цытӕн.

"Финансон органтӕ ифтонг кӕнынц бюджетон фӕрӕзты фӕстиуӕгджын хардзкӕнынад, ӕмӕ уый адыл та хуыздӕр кӕнынц не 'мбӕстӕгты царды уавӕртӕ", - дзырдӕуы арфӕйы тексты.

Гаглойты Алан бафтыдта, финансистты куыст кӕй у тынг ахсджиаг Хуссар Ирыстоны экономикон потенциалы райрӕзт ӕмӕ сфидар кӕныны хъуыддаджы, ӕмӕ финансон къабазы алы кусӕг дӕр хӕсджын у, цӕмӕй ӕмбара, цы стыр бӕрн ыл ис ӕвӕрд, уый.
Финансисты бон Хуссар Ирыстоны ӕрвылаз дӕр нысан цӕуы 8 сентябры. Ацы бон хаст ӕрцыдреспубликӕйы бӕрӕгбонты ӕмӕ мысӕн датӕты къӕлиндармӕ 2017 азы.
Ног хабӕртты лентӕ
0