Хуссар Ирыстоны ХИПУ бындурыл бакӕндзысты археологийы скъола

© SputnikАрхеологон скъӕхтытӕ Едысы
Археологон скъӕхтытӕ Едысы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 сен – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты бындурыл бакӕндзысты археологийы скъола, фехъусын кодта уӕлдӕр ахуыргӕнӕндоны ректор Тедеты Вадим йӕ пресс-конференцийы Sputnik-ы.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый нывӕзтгонд у рагӕй.
"Нӕ студенттӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ хайад истой скъӕхтыты Цхинвалы Цоциты Василийы уынгыл, республикӕйы районты. Бирӕ ссарӕггӕгтӕ баххӕст кодтой ХИПУ музейты экспонаттӕ. Фӕлӕ хуыздӕр уаид, ӕмӕ скъӕхтытӕ рӕстӕгмӕ фӕзындтӕ куыннӕ уаиккой, фӕлӕ ӕдзухон куыст. Уый тыххӕй махмӕ ис ӕппӕт уавӕртӕ дӕр - инструменттӕ, транспорт, уӕлӕмхас хӕрдзтӕ нӕ бахъӕудзӕн", - бамбарын кодта Тедеты Вадим.
Ректор банысан кодта, скъӕхтытӕ уадзыны тыххӕй ӕнӕмӕнгхъӕуӕг кӕй у ӕндӕр ахуыргӕнӕндӕттимӕ ӕмгуыстад райтынг кӕнын.
Уый ма фехъусын кодта, зӕгъгӕ, ХИПУ историон факультеты дыууӕ рауагъдоны кӕй арвитдзысты уӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндӕттӕм сӕ ахуыр археологийы къабазы адарддӕр кӕныны тыххӕй.
Новый учебный год - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.09.2022
90-азон юбилей, форум æмæ æфсæддон кафедрæ: ХИПУ ректор ног ахуыры азы нывæзты тыххæй
Ног хабӕртты лентӕ
0